Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Хурвалеты хъæуы уалдзыгон куыстытæ
райдыдтой.
Сæрмагонд трактортæй зæххы фадгуытæ хуым кæнынц.
Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, иу гектар зæххы фадыг бакусын 50
лари лæууы.
«Ай кæй зæгъын æй хъæуы, нæхи хардзæй аразæм. Иуæй-иу зæххытæ
фæззæджы куыстгонд æрцыдысты, фæлæ иннæты та уалдзæджы хъæуы
бакусын», - зæгъы Музашвили Нугзар.
Уый хъавы, цæмæй сæйрагæйдæр нæмыгджын тауинаг тыд æрцæуа, уымæн
æмæ гæнæн ис дон ма уа:
«Хъæу цæмæй хорз уа, уый тыххæй уый æнæмæнгæй хъæуы дон. Ацы быдыры
халсæрттæ байтауын нæ рауайдзæни, уымæн æмæ дзы дон нæй», - зæгъы
уый.
Бынæттон цæрæг Тавгазашвили Араун нын зæгъы, цæмæй фæззæджы
хицауады æххуысæй зæххытæн сæ иу хай хуымгонд æрцыд.
«Уымæ æнæгæсгæйæ, сын æхца уæддæр фидæм», - зæгъы уый.
Йæ ныхасмæ гæсгæйæ, куы акæсæм зæххытæм, уæд æнцон бамбарæн у уый,
чи у фæрæзджын æмæ чи у цыбыркъух.
«Акæсут зæххытæм, иуæй-иутæн нырма кусинаг сты. Нæй сын цæмæй æхца
фидой», - зæгъы уый.
Хурвалеты хъæу Тъирипонайы къанауæй донхорыг кæны, фæлæ, ацы къанау
дэ-факто Хуссар Ирыстоны дæлбариуæг территорийыл цæуы.
Ацы къанауы Цхинвалы хицауад дон, æрмæст дæр, уæд рауадзы, кæд æмæ
Хурвалеты цæрджытæ разы сты, доны ирон хъæутырдæм ауадзыныл.
Фæлæ, гæнæн ис Надарбазевы доны цадæй спайда кæнын дæр.
«Фарон, цадæй цыдис дон, фæлæ алкæмæн нæ фаг кодта. Иууыл рад уыд,
иууыл быцæутæ уыд», - зæгъы уый.