Тутарашвили Давит скъолæ дæр фæцис æмæ йе фсæддон хæс дæр сæххæст
кодта.
24 аздзыд æвзонг лæппу, фæстæмæ, хъæумæ æрбаздæхти, цыран нæдæр
куысты перспективæ ис æмæ нæдæр чи кусы уыцы фæсивæдæн ирхæфсæн
бынат ис.
Фæстаг азты, уый, иунæг разынд, кæцы хъæумæ æрбаздæхтис
фæстæмæ.
Йæ рæстæджы, къласы 10-12 ахуырдзау уыд, ныр 9-æм къласы æртæ
скъолæдзауы ахуыр кæны.
«Мæ хъæуы тынг уарзын, ауылты Тамар-паддзах æрбацыдис æмæ ам
æрулæфыдис. Йæ къæлæтджын бадæны йын ам æрæвæрдтой æмæ йæ уый
тыххæй хонынц ацы хъæуы Тъахтъисдзири», - зæгъы уый.
«Æфсады дæр уыдтæн, куыст дæр агуырдтон, фæлæ мын дзы ницы рауади.
Ме мгæрттæй тынг бирæ нал цæры ам, фæцыдысты хъæуæй, уæдæ, ам цы
хъуамæ кусой».
Нырма, æрмæст, 24 аздзыд у æмæ хæдзарæй рацæугæйæ кæд хъæуы
биржайыл алæууы, цыран уымæ абаргæйæ хистæр кары адæмимæ бæстæйы
хабæрттыл аныхас кæнынц.
«Мæнæ, рахызтæн дуармæ, фæлæ цы саразон. Фæзуат нæм уæддæр куы
уаид, цæмæй ахъазай исты спортæй, кæнæ хи сфæлтæрай. Чизоны исчи
спорты хаххыл ацæуа, исты æнтыстдзинæдтæ йын уа», - дзуры нын йе
‘мгар Къобаладзе Арсен.
Хъæуы астæу тынг рагон аргъуан лæууы, раздæр пырхытæ уыд, фæлæ
Руис-Урбнисы Эпархийы æххуысæй, цалцæггонд æмæ арæзт æрцыд.
Æвзонг фæсивæдимæ ныхасы рæстæджы, аргъуанæй дыууæ сылгоймаг
рахызтис, салам нын радтой æмæ нын загътой: «Уæ ныхас кæнут
хъæбултæ, мах та, уынут æй æмæ кувæм, æндæр цы хъуамæ саразæм? Ацы
бонты кувгæйæ уæддæр арвитæм».
Хистæр фæлтæрæй нын бынæттон цæрæг Къобаладзе Къоба зæгъы, цæмæй
фылдæр хъусдард здæхт уа æвзонг фæсивæды цардмæ:
«Адонмæ хъæуы хъус дарын. Афтæ баизæр вæййы, æмæ уыдонæн ницы вæййы
аккаг. Саразæт сын иу чысыл фæзуат, цы рцæудзæни уымæй» - загъта
нын уый.
Тъахтисдзирийы æнæххæст скъолæ ис, скъолæ цалцæггонд у, фæлæ йæ
кæрт хæрчысыл у, уым спортивон минифæзуат дæр нæ сырæздзæн.
«Физкультурæйы урокыл цы аразæм? Цы хъуамæ аразæм? Кæд нын суг
ныллыг кæнын кæнынц кæнæ нын сæ бахæссын кæнынц, æндæр цы хъуамæ
саразæм?», - зæгъы 9-æм къласы ахуырдзау, кæцы тагъд ацы скъолæ дæр
каст