Тавгазашвили Нанули у Гуры муниципалитеты Меджврисхеуы хъæуæй рацæугæ.
Куы смой кодта, уæд, 90-æм азты, йæ моимæ иумæ, Уæрæсейы Федерацимæ ацыд цæрынмæ. Хъæумæ 2000 азы æрыздæхтысты.
«Хистæр чызг ахуыр кодта æстæм къласы. Мæ сывæллæттæ ахуыр кодтой Мæскуыйы скъолæйы. Ардæм куы æрцыдыстæм, уæд сын гуырдзиагау ахуыр кæнын зын уыдис. Уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон, цæмæй Цъинагары астæуккаг скъолæйы райстаиккой ахуырад» - зæгъы Тавгазашвили Нанули.
Растдæр, Цъинагары скъолæйы ахуыр кæныны рæстæджы базонгæ сты чызджытæ сæ фидæны мойæгтимæ.
«Хистæр чызг фарастæм къласæй сусæгæй смой кодта, иннæ чызг дæр уырдыгон лæппуйы бауарзта æмæ дзы смой кодта. Ардæм куы æрцæуынц мæ хъæбулы хъæбултæ уæд мæ цинæн кæрон нал вæййы», - загъта нын Нанули.
Махимæ ныхасы рæстæджы йæ
хъæбултæй сæ иумæ тилифоны адзырдта. Зæлон сигнал хъæрæй сиу кодта.
«Гыццыл куыдтæ у? – дихгæнæг хаххы иннæ фарс цæрæг хъæбул фарста йæ
мады æфсымæры хъæбулæй: нывонд ын æрбауон, куыд æй
æрымысыдтæн».