Ног хабæрттæ
Никозаг Мчъедлидзе Шурæйæн хæсты рæстæджы Цхинвалæй баххуыс кодтой
82 аздзыд Мчъедлидзе Шурæ Никозы хъæуы иунæгæй цæры.

Ныртæккæ социалон æххуыс дæр нал исы. Иунæг хъæбул ын ис, кæцы Рустауы йæ бинонтимæ иумæ цæры æмæ азоты заводы кусы.

Уымæ гæсгæйæ, æмæ абон заводæн проблемæтæ кæй ис арæх куыстурæдтæ вæййы æмæ уый тыххæй йæ мадмæ арæх нал фæцæуы.

Мчъедлидзе Шурæ тыхсы, йæ хъæбулæн сабат-хуыцаубоны кæй нал вæййы хъæумæ æрцæуыны фадат.

Йæ хæдзар ис хъæугæронмæ ввахс. Уæлмæрдмæ арæх фæцæуы, уымæн æмæ йын иу хъæбул хæсты агъоммæйы периоды фæмарди.

Уæлмæрдæй та, Цхинвал хорз зыны.

«Цхинвалмæ иу базармæ цыдтæн, ахастон иу уæймæ, цыхт, æхсыр, мацъони, дыргътæ. Цхинвалы мын тынг бирæ зонгæтæ уыдис. Мæ фарсмæ иу чи лæууыд уыдонимæ мын уыди хорз æмахастытæ, уыдон дæр-иу мын стыр лæггад кодтой», - зæгъы нын Мчъедлидзе Шурæ.

«Мæ хъæбулы мæлæты фæдыл тынг фæхъыг кодтой. Хæст куы райдыдта æмæ хъæумæ уырыссаг æфсæддонтæ куы æрбацыдысты, уæд мах ардыгæй ацыдыстæм. Уый фæстæ куы æрыздæхтыстæм фæстæмæ, иу мæ зонгæ мыл фембæлди, кæцыимæ иу базары лæууыдтæн, æхца мын рарвыста. Уыцы сылгоймаджы зонгæ дæр нæ кодтон. Загъта мын, уый æмæ дам мын сæ уый рарвыста. Уæдæй фæстæмæ йæ цæстæй уынгæ дæр нал фæкодтон. Йæ тилифоны номыртæ мæм бæргæ ис, фæлæ йæм мæ бон адзурын дæр нæу. Куы мæ фена интернеты фæрцы, тынг æхсызгон ын уыдзæни», - зæгъы Мчъедлидзе Шурæ.


Print