Ног хабæрттæ
Мереты губернатор æмæ гамгебели цæрджытыл фембæлдысты
Гуры муниципалитеты гамгебели Ониашвили Давит æмæ Шида Картлийы губернатор Самхарадзе Къаха Мереты хъæуы цæрджытыл фембæлдысты.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн гамгеобайы пресс-куыстуатæй фехъусын кодтой.

Пресс-куыстуаты минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, дыууæдæр цæрджыты проблемæтæм бынатыл байхъуыстой æмæ уым уæвæг уавæримæ дæр базонгæ сты.

«Цæрджытимæ фембæлды нысан уыд, уыдонæн информаци раттын æндæр æмæ æндæр проектты æмæ программæты тыххæй. Сымах зонут æмæ кæй ис цалдæр проекты, кæцытæ здæхт сты цæрджыты хуыздæрцарды тыххæй. Амæй дарддæр ма, нисаниуæгджын у бынæттон цæрджытæн уа фылдæр информаци сплангонд проектты фæдыл æмæ активонæй хайад райсой се ххæст кæныны», - зæгъы Гуры муниципалитеты гамгебели Ониашвили Давит.

Print