Ног хабæрттæ
USAID/REAP демонстрацион зæххы фадгуыты системæйы æнцонвадат скæныны нысанæй меморандум саформит кодта
USAID/REAP – хъæууон-хæдзарадон кондады эфектондзинады сæндидзыны проект, Гуырдзыстоны ног хъæууон-хæдзарадон технологиты æмæ практикæйы Гуырдзыстоны сфидар кæныны æмæ нырыккон демонстрацион фадгуыты системæйæн къух саразыны нысанæй оформит кæны æмгуыстады меморандумы хъæууон-хæдзарадон кондады сæйраг фæрæзты æрбадæттæгимæ.

Æмгуыстад уагъд æрцæудзæн USAID/REAP-ы бенефициары фермерты лæггæдты центрты активон хайадистæй, кæцы нысанæн æвæры сæ архайдхъомдзинады рæзыны æмæ фермертæн ратгæ лæггæдты гъæды суæлæмæ кæнын.

Фæрсты рдыгæй сæвзаргæ демонстрацион фадгуытыл æрцæудзæн ног технологиты, зайæгойты хъахъхъæныны æмæ механизацийы фæрæзты, мыггæгты æмæ донхорыг системæты спайда кæнын, кæцы къух ратдзæни бынæттон фермерты зонынад суæлæмæ кæнынæн нырыккон фæрæзтыл.

USAID/REAP къух фыссы æмгуыстады меморандумыл дыууæ компаниимæ:
Æхсæнадæмон компани BASF – хъæууон-хæдзарадон кондады сæйраг фæрæзты æрбадæттæг у. Меморандумыл къух фыссы вице-президент (зайæгойты хъахъхъæныны фæрæзты æрдæмадæй Европæйы, Æввахс Скæсæны æмæ Африкæйы бæстæтæн) Гарсия Грос.

Фæлæ æхсæнадæмон компани Шхънгентъы – хъæууон-хæдзарадон кондады сæйраг фæрæзты æрбадæттæг у. Компанийы номæй меморандумыл йæ къух фыссы, Гуырдзыстоны Шхънгентъы бæрнонады директор Лоладзе Зураб.

Print