Къасрадзе Георги, йæ бинойнаг æмæ æртæ сывæллонимæ, бирæ азты
дæргъы царди иу уатон фатеры.
Уый цæрæн хæдзар турбазæйы бæстыхайы уыди.
90-æм азты гуырдзиаг-ирон конфликты фæстæ ацы хъæдын къултæй арæзт
хæдзары абон ныууагъта.
Цъминдацъхъалийыл фондзуæладзыгон бæстыхайы дыккаг уæладзыгыл
дыууæуатон фатер ремонтимæ райста.
Æдæппæт ног фатертæ райстой 29 лигъдон бинонтæ.
Уыдонæн дæгъæлтæ раттой лигъдæтты æмæ æрцæрæнуаты министр Созар
Субари æмæ министры фыццаг хæдивæг Гиоргадзе Григол æмæ сын
ногцæрæнуаты тыххæй раарфæ кодтой.
Фатертæ дæттыны мадзалы хайад райстой Шида Картлийы губернатор
Самхарадзе Къаха, Гуры мажоритарон депутат Макърахидзе Йосеб æмæ
Гуры мер Джиркъвелишвили Зураб.
Министр æмæ бынæттон хицауады минæвæрттæ бæстыхайы кæрты бæлæстæ
ныссагътой æмæ лигъдон бинонтæн донхæрисы талатæ балæвар
кодтой.
Фондзуæладзыгон бæстыхайы уæвæг фатертæ, Гуры, а.х. Турбазæйы
цæрæндоны, экспертизæйы скъуыддзагмæ гæсгæ, хæлд бæстыхайы цæрæг
лигъдон бинонтæн, æнæ критеритæй лæвæрд æрцыдысты.
Банысангонд корпустæ 2005-2006 азты хъахъхъæнынады министрад
офицертæн сарæзта, фæлæ сæ кæронмæ арæзт нæ фæци.
Уыдон лигъдæтты министрадмæ дыууæ азы размæ лæвæрд æрцыдысты.
Бæстыхайы реабилитацион куыстыты æргъад 565 358 ларийы бæрц уыд.
Ацы куыстыты хайад райста лигъдæтты 70%-ы.
Ацы этапыл, Гуры 8 дæсуæладзыгон корпусы арæзтад цæуы, кæцы 2017
азы кæронмæ фæуыдзæни æмæ ног фатертæ ноджы 480 лигъдон бинонтæ
райсдзæн.