Дихгæнæг хаххмæ ввахс Мереты хъæуы «Хæлардзинады бæласдон» арæзт
æрцæудзæн.
Информаци Шида Картлийы информацион центрæн гамгеобайы
пресс-куыстуатæй фехъусын кодтой.
Гуры муниципалитеты гамгеобайы æмкусджытæ сабитимæ иумæ фæзуаты
гранатæйы къутæртæ ныссагътой.
200-мæ ввахс æндæр æмæ æндæр мыггаджы талатæ, се ‘хсæн сырх чиныгмæ
хаст «Утховари (Taxus Baccata)», Гуры муниципалитеты гамгеобайæн
Гуырдзыстоны æрдзы иртасæнты цæдис «Орхис» балæвар кодта.
Ныссагътой ма ноджы æнгузы æмæ сусхъæды талатæ.
«Ацы хъæуыл цæуы аразгæ арæн. Сындзджынтелты алфæмблайы цæрынц куыд
гуырдзиæгтæ, афтæ ирæттæ дæр. Растдæр ацы дыууæ адæмы хæлардзинады
символæн нæ хъæуы ацы бынаты «Хæлардзинады бæласдон» аразæм. Ныфс
мæ ис ацы аразгæ арæнтæ тагъд пырхгонд æрцæудзысты», - зæгъы Гуры
муниципалитеты гамгебели Ониашвили Давит.
Талатæ оккупацигонд Цхинвалы арæнгæнæг Никозы хъæуы фæзуаты дæр
сагъд æрцыд.