Ног хабæрттæ
Задианткъармæ æрбаздæхти 40 азы фæстæ
Задишвили Леуан Задианткъары хъæумæ 2015 азы фæстæмæ æрæздæхти.

Уый ныртæккæ, 65 аздзыд у æмæ йæ 102 аздзыд фыдмæ, Задишвили Димитрмæ зилы.

Задишвили Леуан Гуырдзыстоны паспорт райсын дæр æмæ, йе рвадимæ иумæ, чысыл хæдзарады райдайын дæр хъавы.

Йе рвад дæр уыцы хъæуы цæры.

«Нырма уæд скъолæмæ цыдтæн, куы мæ акодтой Уæрæсемæ. Куы кæм уыдтæн, куы кæм.
Цъус рæстæгмæ фæстæмæ æрыздæхтыстæм. Къаспы дæр акуыстон, сæны технологæй. Стæй уавæр куы скарзи, конфликт райдыдта æмæ уæд Уæрæсемæ ацыдтæн. 2009 азæй фæстæмæ та, Владикавказы уыдтæн», зæгъы Задишвили Леуан.

Йæ бинойнаг, хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ сты Владикавказы.
Дзуры, цæмæй Задианткъармæ тагъд цæрынмæ йæ бинойнаг дæр æрцæудзæни.

«Мæ бинойнаг æрцæудзæни ардæм æмæ ам цæрдзыстæм. Хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ уым цёрынц, уымæн æмæ ныр стыртæ сты æмæ кусгæ дæр уым кæнынц», - зæгъы нын уый. 


Print