Ног хабæрттæ
Дваны уæлмæрд æнæ Земо двайнæгтæй
баззадысты.Уæлмæрдыл, кæцы Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны алыварс у арæзт, двайнæгты æмæ Земо двайнæгты мæрдтæ сты ныгæд.

Мæрдты уаз бынатмæ, ацы аз Куадзæны, æрмæст, двайнæгтæ ацыдысты. Земо двайнæгтæ Тыбылты æмæ Тедеты уæлмæрд æнæхицауæй баззадысты.

Дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады дæлбаруæвæг Земо Дваны ног уæлмæрд арæзт ис.

Ацы хъæуæй рацæугæ у дэ-факто хицауады президент Тыбылты Леонид, кæцы ацы азы президентон æвзæр¬стыты нал фæуæлæхиз, састы баззал.



Земо Дваны хъæуы, контроль кæны дэ-факто хицауад. Фотойыл Тыбылты Леониды хæдзар зыны.



Иу бакастæй, уæлмæрд иумæ у. Ам, куыд гуырдзиæгты, афтæ, этникон ирæтты фыдæлты уæлмæрд ис. Марды дуртыл, куыд дыууынæм æнусы 80-æм азты бабынуæвджыты мыггæгтæ сты нысангонд, афтæ-ма дзы, æнудæсæм æнусы 90-æм азты кæроны арæзт дурæй цыртытæ лæууы.

Фыстытæй бæрæг у, цæмæй 1985-86 азты фæстæ, Земо двайнæгтæ сæ мæрдты къаддæр ныгæдтой иумæйаг уæлмæрды.

Мамагулашвили Цицо хъæумæ сабат æмæ хуыцаубоны фæцæуы. Куадзæны бонты, хæстæджытимæ иумæ, йæ фыды уæлмæрд бабæрæг кодта.

«Уыди рæстæг, æмæ ардæм Куадзæны бæрæгбонты дæр нæ бон нæ уыди ссæуын. Ацы территори дихгæнæг хаххмæ ввахс у. Æнæуи бонты ам уырыссаг æфсæддонтæ змæлынц. Уæддæр нæ тас ис, цæмæй мацы фыдбылыз æрцæуа», – дзуры  Мамугалашвили Цицо.

Уыдонæн æнæмбаргæ у уыцы факт, æмæ дæ фыды уæлмæрдмæ дæ бон ма уæд ссæуын.

«Цæуылнæ хъуамæ уа гæнæн адæймагæн, цæмæй сабат кæнæ хуыцаубоны ссæуа уæлмæрдмæ, бацæуа аргъуанмæ. Ирæттæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг уæззау уыдзæн ацы хабар. Уыдон æппындæр не ‘рцæуынц ардæм. Ам уыдоны  нæ хъæуккæгтæ ницæмæй бахъыгдардзысты. Куыд зонын афтæмæй сæ арæнхъахъхъæнджытæ нæ уадзынц», – зæгъы Мамугалашвили Цира.

Аргъуан æмæ уæлмæрд хохы цъуппыл сты. Ацы бынат дыууæ хъæумæ дæр уæлейæ бынмæ кæсы. Аргъуанмæ бацæуæн машинæйы фæндаг цæуы арæны нысангæнæг банеры цурты.

Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуан. Двайнæгты æмæ Земо двайнæгты уаз кувæндон. Æрвыл бон дæр уым Уæрæсейы æфсæддонтæ змæлынц.



Двайнæгтæ æмæ сæ уазджытæ



Фотойыл: Къопъадзе Тамаз. Ирон бæгæныимæ.

Ацы бынатæй, ма тынг хорз зыны Проны комы иннæ хъæутæ дæр. Дардæй та, Леуахигомы рæгътæ зынынц.

Къахниашвили Робизон, кæцы стыр Леуахигомæй у, Куадзæны Дваны аргъуанмæ ацыди.

«Афтæ фехъуыстон æмæ дам Чъехы, Тамаршены æмæ стыр Леуахигомы хъæуты, уæлмæрдтæ не сты дæрæнгонд, фæлæ мах нæ уадзынц уырдæм. Нæ хъæутæй ницыуал баззад зæххæмвæз сæ скодтой. Ардæм æрбацыдтæн уый тыххæй, æмæ ацы аргъуан æввахс у нæ коммæ, ардыгæй тынг хорз зынынц нæ хъæутæ. Тынг хъыгаг у, æмæ нæ фыдæлты уæлмæрдтæм нæ бон кæй нæу цæуын», – зæгъы Къахниашвили Робизон.

Аргъуаны Нулы хъæуæй лигъдон æмæ двайнæгты сиахс (кæцыйы хонынц Гела) мыдадзын цырæгътæ ссыгъта. Проны комы цæугæдонмæ æмæ уыцы хъæутæм афæлгæсыд, цыран схъомыл ис. Уæлмæрды та, Гуырдзыстоны сиудзинады тыххæй гаджидау банызта.












Print