Абон, Бершуеты цæрджытæ, Самебайы кувæндоны цур, бæрæгбон снысан
кодтой.
Дихгæнæг хаххмæ ввахс кувæндонмæ бацæуын тæссаг у.
Уый, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ контроль кæнынц.
Куадзæны бæрæгбоны фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады
минæвæрттæ кувынмæ цæуджыты тыххæй æдасдзинады сæрмагонд мадзæлттæ
райстой.
Ай уый тыххæй æмæ, ивгъуыд азы, Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвæрттæ,
кувæндон¬мæ æрцæугæ бинонтæй сæ иуы æрцахсынмæ хъавыдысты.
Бынæттон цæрджытæ, уыдон æхсæн сывæллæттæ дæр хъуамæ сæ
æрцахстаиккой æмæ тыххæйты раирвæзтысты.
Бершуеты хъæу кæройнаг хъæу у, кæцыйы Гуырдзыстоны централон
хицауад контроль кæны.
Уымæ æввахс территрийыл, фосы хизынмæ баскъæргæйæ бынæттон цæрджыты
цалдæр хатты æрцахстой.
Заутъашвили Зураб зæгъы, цæмæй кувæндонмæ ввахс территорийыл а.х.
арæнхъахъ-хъæнджытæ сæрибарæй змæлынц.
«Ардæм кæд иу кæнæ дыууæ лæг ссæуы, уыдоны дæр, æмбæхст вæййынц æмæ
сæ уайтагъд æрцахсынц», – зæгъы Зураб.
76 аздзыд Гинтъури Валикъо абон Самебайы кувæндонмæ сæрибарæй
ссыди.
Йæ зæрдыл лæууы, цæмæй Куадзæнæй Зæрдæвæрæнмæ иу кувджытæ алы
дыццæджы ссыдысты кувæндонмæ æмæ иу уым сбон кодтой.
«Абон ам цъус адæм уынут, фæлæ раздæр афтæ нæ уыди. Кæцæйты иу не
рцыдысты. Æркодтой иу кусарт (нывондаг), карк кæнæ фыс. Абон дæр
афтæ кæнынц», – зæгъы Гинтури Валико.