Надарбазевы донуаты донæй нал йедзаг кæнынц.
Уый аххосаг хæлд трубæтæ сты, кæцытæ доны æлхъывдадæн нæ
фæразынц.
Зæронд системæмæ гæсгæ, сæрды периоды доны æрмæст хæрзцъус бæрцæй
рауадзынц.
Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, ацы дон Хурвалеты цæрджытæн дæр
нæ фаг кæны.
Надарбазевы донуат Гуры муниципалитеты, Надарбазевы хъæумæ ввахс
у.
Коммунистты рæстæджы 45 хъæуы донхорыг кодта ардыгæй. Ацы хъæутæ
уыдысты куыд Гуры районæй, афтæ Карелы æмæ Къаспæй.
Ивгъуыд азы æрцæттæгонд репортажмæ гæсгæ, масштабон реабилитациты
ауадзыны фæдыл хицауад хъуамæ рахицæн кодтаид дзæагар суммæ.
Ацы информаци бынæттон цæрджытæ Гамгеобайы дæр фехъуыстой.
Фæлæ, ныртæккæ, ситуаци æнæфæивгæйæ у. Уыцы хъæутæ, кæцытæ
Тирипонайы æмæ Салтвийы къанаутæй истой дон, ацы сæрды уыдонæн дæр
дон нæ уыдзæн, уымæн æмæ къанауты дон дэ-факто хицауады дæлбаруæвæг
территорийæ цæуы.
Нырма ноджы 2014 азы хъæууон-хæдзарады министры уæды хæдивæг
Цопурашвили Гоча расидти, цæмæй 2015 азы Надарбазевы донуатæн
реабилитаци уагъд кæй æрцæудзæни.