«Ахæм низ Шида Картлийы никуыма фиксиргонд æрцыди», - зæгъы
Бершуеты хъæуы цæрæг Зауташвили Гиа.
Уымæн, йе ‘мхъæуккæгтимæ иумæ, Сырх Дзуары æхсæнад хъæууон
хæдзарады рæзынады къуымæй, æхцайы суммæйæ баххуыс кодта.
Ивгъуыд азы уалдзæджы 15 мин килограммы картофы тауинаг балхæдтой.
Байтыдтой йæ, фæлæ дзы фæззæджы æмбыд тыллæг райстой.
Фермертæ хъуыды кæнынц, цæмæй тауинаг æрмæг сæрæй дæр хæлд
уыди.
Сырх Дзуары æхсæнады минæвæрттæ зæгъынц, цæмæй претензи æнæбындур
у, уый тыххæй æмæ дыууæ эксперты хатдзæгмæ гæсгæ, картофы рæмпæджы
гæлæбу фæзынди, кæцыйы тауинаг æрмæджы аххос нæ кæны.
Проектæй пайдагæнджытæ хъусын кæнынц, цæмæй рæмпæгы цауы, тыллæгæн
йæ сыфтæртыл хъуамæ зындаид низ. Сæрды ист нывтæм гæсгæ, картофы
дидинæг æнæниз уыди, низ æрмæстдæр тыллæг исыны рæстæджы
фæхатыдысты.