«Уарзæм нæ нанаты æмæ дадаты», - ахæм мидисы проект организаци
«Бетлемы» минæвæрттæ Скърайы хъæуы ныридæгæн райдыдтой.
Социалон актив организаци «Адæймаг тыхстдзинады» Евроцæдисы
æххуысæй финансгонд цæуы.
Хъæуты æмæ лигъдæтты цæрæнуаты дæр, æвзонг фæсивæд карджын адæмæн
хæдзæртты æфснайынæн æмæ гæрзтæ æхсынын баххуыс кæндзысты.
Нанаитæндæр æмæ дадаитæндæр культурон мадзæлттæ уагъд
æрцæудзæн.
Программæйы фарсхæцæг организацийы минæвар Перадзе Нанука зæгъы,
цæмæй æвзонг фæсивæдæн велосипедтæ балхæнын плангонд цæуы, кæцыйæ,
тыхст уавæры уæвæг зæронд адæймагæн баххуыс кæнынæн спайда
кæндзысты.
Афтæ ма, специалонæй, æлхæд æрцæудзæни гæрзтæхсæн машинæ.
Сабитæ æмæ æрыгæттæ зæрæдтæм велосипедтыл цæудзысты, æрæмбырд иу
сын кæндзысты сæ хуысæнгæрзты, æмæ сæ иу ахæсдзысты æхсынмæ
организацимæ, ныхсдзысты æмæ сæ фæстæмæ утогондæй бахæсдзысты сæ
хицауæн.
«Ацы проект ныридæгæн фидаргонд æрцыд. Бынæттон организацийæн,
Бетлемæн уый тыххæй 15 мин ларийы рахицæн кодтой. Суммæ,
сæйрагæйдæр, активтæн хъæугæ инвентарь æлæнынын бахардз уыдзæни.
Барвæндонтæ хайад райсдзысты, бынтон лæварæй æмæ нæ ныфс ис, цæмæй
ацы идейæ æндæр темæтæн дæр райсинаг кæй уыдзæни. Ацы этапыл нæм 20
бенефициар ис планмæ гæсгæ, фæлæ, гæнæн ис, æмæ, ацы цифрæ фæфылдæр
уа», - зæгъы Перадзе Нанука.