Зозиашвили Георги стыр Леуахигомы Тамарашены хъæуы царди.
Йæ цæрæн хæдзар æмæ сæндон, кæцы йæ бинонтимæ иумæ 2008 азы
ныууагъта, куынæггонд у.
Ныртæккæ, Верхуебы лигъдæтты цæрæнуаты «Берлины аллейы» цур
цæры.
Котеджы размæ сæнæфсиры тала ныссагъта, зæгъы, цæмæй дам, лæгæн æнæ
сæндонæй цæрын нæу йæ бон.
«Уазæг дæм куы æрбацæуа, уæд ын дæхи сæнæй ма хъуамæ бафысымиуæг
кæнай? Æмæ æз дæр аскъуыддзаг кодтон, ам ныссадзон сæнæфсиры
талатæ», - зæгъы Зозиашвили Георги.

«Берлины аллейæ» рæсугъд у. Йæ алыварс котеджтæ ис арæзт. Ацы
хæдзæрттæ Германы хицауады æххуысæй 2009 азы арæзт æрцыдысты æмæ
лигъдæтты æппæтæй хуыздæр цæрæнуатыл нымад сты.
350-ай котеджæй 63 цæрæн хæдзар базиангонд сты.
Ахæм базиангонд хæдзары цæры Къапъанадзе Александр. Зæронд лæг
Проны комæй Аунеуы хъæуæй у лигъдон. 5 азы размæ йæ бинойнаг
фæхъуыд.
Профессийæ амайæг у æмæ хорз зоны, котеджы базианы аххосаг.
«Ныккæндмæ куы ныххызтæн, уæд федтон, бындур æнæ æфсæйнаг арматурæй
арæзт кæй у. Ацыран раздæр æфсæддон полигон уыди æмæ, куыд зыны
афтæмæй, танктæн уыдис къахт. Арæзты рæстæджы, йыл æрмæст, сыджыт
бакалдтой æмæ йыл афтæмæй бындур æрæвæрдтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ,
сыджыт бынмæ ныццыд æмæ къултæ дæр афæстытæ сты», - зæгъы
Къапъпанадзе Александр.
XX
(Къапъпанадзе Александр зæгъы, цæмæй, ацы хицауад кæд æрæзтадон
æрмæгæй баххуыс кæндзæни, уæд йæхи зонынад æмæ фæлтæрддзинадæй
раивдзæни къултæ æмæ сфидар кæндзæни бындуры, афтæ ма – уæлхæдзары
дæр).
«Берлины аллейы» цур Стыр æмæ Чысыл Лауахигомы æмæ Проны комæй
лигъдæттæ цæрынц. Репортажы цæттæ кæныны рæстæджы Куртайы
муниципалитеты гамгеобайы бæрнон кусджытæ цæрæнуатмæ ссæдтæ
æрбаластой.
150-йы онг голлаг ссад административон бæстыхайы раз æрæвæрдтой.
Цæрæнуаты та 300-йæ фылдæр бинонтæ цæры.
Куртайы муниципалитеты минæвар зæгъы, цæмæй гамгеобайы хæлар
фæндонæй, ацы ссады Стыр Леуахигомæй лигъдæттæн байуардзысты.
«Куыд зонын афтæмæй, иннæ муниципалитеты гамгеобатæ дæр, Эреды æмæ
Аунеуы муниципалитеттæ дæр баххуыс кодтой сæ бинонтæн», - зæгъы
Зубашвили Гонери.