Гуры муниципалитеты Скърайы хъæуы центрæй лигъдæтты цæрæнуатмæ ног
асфалтфæндаг арæзт æрцæудзæни.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн муниципалитеты
гамгеобайæ фехъусын кодтой.
Гамгеобайы минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, куыстытæ сæрды æрлæудмæ
райдайдзысты æмæ 60 бонмæ фæуыдзысты.
Нырыккон стандарттæй ифтонггонд фæндаджы арæзтадæн 300 мин ларийы
ис рахицæнгонд.
Æдæппæт, 1,4 км йæ дæргъ æмæ 5 метры йæ уæрх асфалтфæндаг арæзт
æрцæудзæни.