Ног хабæрттæ
Гуры Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг 10 ветераны цæры
Дыккаг Дунеон хæсты хайадисæг ветеранты нымæц æрвылаз къаддæр кæны.

Ветеранты куыстуаты бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, ныртæккæ, ацы статусæимæ, горæт Гуры цæры 10 адæймаг.

Уыдонæн бæрæгбонон фембæлд Стырады музейы цур сарæзтой. 9-æм майы фашизмыл фæуæлахизы 72 аз нысангонд цæуы.

Бынæттон хицауады минæвæрттæ æмæ æмбæстæгтæ хæсты фæмардуæвæг хъайтарты мемориалы цурмæ дидинджыты веноктæ æрбахастой.

Ветеранты цытæн чысыл мадзал дæр уагъд æрцыд, цыран хайад райстой Гуры æвзонг фæсивæды культурон-ахуыргæнæн центры хъомылгæнинæгтæ æмæ ансамбль «Гур».

Горæт Гуры муниципалитеты меры социалон программæйæ Дыккаг Дунеон хæсты ветерантæн афæдзы дæргъы лæвæрд цæуы иухаттон æххуыс 200 лари, фæлæ банысангонд боны фæдыл (9-æм майы) 150 ларийы.

«Уыдонæй алкæмæндæр Гуры мерæй лæварæн 50 ларийы æргъады хæлцадон продуктты пакет дæр лæвæрд æрцæудзæни», - загъта Кутателадзе Екатерине, горæт Гуры муниципалитеты меры æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон ифтонгады куыстуаты хистæр.

Фотойыл: Дыккаг Дунеон хæсты хъайтары, Хъандарели Иракълийы медалтæ.

 

Print