Сом, 9-æм майы, Гуырдзыстоны Дыккаг дунеон хæсты фæудæй 72 азы
нысангонд цæуы.
Ацы бон бæстæйы æндæр æмæ æндæр горæтты бæрæгбонон мадзæлттæй
нысангонд цæуы.
Шида Картлийы информацион центр уыцы адæймæгты æрцагуырдта, кæцытæн
Дыккаг дунеон хæсты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд
хъайтары ном æмæ абон удæгас нал сты.
Официалонæй, зындгонд у, цæмæй Гуырдзыстоны масштабæй, Дыккаг
дунеон хæсты хъайтары ном 164 адæймагæн лæвæрд æрцыд. Адонæй, иутæн
лæвæрд æрцыд, кæмæн йæ удæгасы рæстæджы, кæмæн та, йæ мæлæты
фæстæ.
Æрцагуырдтам Гуры, Карелы, Къаспы æмæ Хашуры уыцы адæймæгты къамтæ
æмæ историтæ, кæцытæ хъайтары ном хастой.
Галустъашвили
Сограт Алексийы фырт:
Райгуырди 1920 азы, Гуры
районы Уплисцихейы хъæуы. Фæцис астæуккаг скъолæ. 1940 азы Советон
Армийы рæнхъыты йæхи ныффыссын кодта.
1941 азæй хайад иста Дыккаг дунеон хæсты – Советон Цæдисы Хуссар –
Скæсæны; Хуссар – Ныгуылæны; Хуссары фронттыл, уыдон æхсæн,
Сталинграды цур хæсты дæр. Æртæ хатты фæцæфи, адонæй дыууæхатт
серезонæй.
1944 азы 16-æм мартъийы, йемтохгæнджытимæ иумæ, «Нæмыгзгъалæнимæ»
Днепры доныл ахызти æмæ дыууæ боны дæргъы знаджы æхстæй урæдта.
Æхсæн-нæмыг сæм куы нæ уал уыди, уæд æхст дæр æрнымæг æмæ уый знаг
фæфиппайдта. Æрхъула сыл кодтой æмæ сæ уацары кæнынмæ
хъавыдысты.
Галустъашвили Сограт æмæ иннæ хæстонтæ «Ура» хъæргæнгæйæ, райдыдтой
знаджы ныхмæ афтид къухæй тох кæнын.
Ацы тохы Галустъашвили Гитлеры хæстонты раздзогæн йе хсæнгарз йæ
къухæй ратыдта.
Дыууæ боны дæргъы, Советон Армийы хæстонтæ, Галустъашвили Сограты
хайадистимæ, цыппар контрбабырсты сæххæст кодтой. Уымæн йæ къух
фæцæфи.
1944 азы 3-æм июны, Советон Цæдисы Румынийы ссæрибар кæныны фæдыл
тохты хъæбатырдзинады тыххæй уымæн лæвæрд æрцыди национ хъайтары
ном. Ноджы мы йын Сталинграды хъахъæныны фæдыл тохы лæвæрд æрцыди
медал дæр.
Дыккаг дунеон хæсты дыууæ хатты хъайтары номыл уынг абон дæр ис
Гуры. Амарди 1981 азы Куахврелы хъæуы.
Зумбулидзе Баграт Захары
фырт:
Райгуырди 1905 азы,
Гуры. Уый Белорусийы æмæ Прибалтикæйы авиацион полкы тох кодта.
Æххæстгонд ын ис цалдæр дæсгай тахты.
1944 азы 29-æм июны Зелландийы æрдæгсакъадахыл цæугæ тохты йын йæ
хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд хъайтары ном.
Хæсты фæстæ азты куыста Тбилисы аэрофлоты. Амарди 2000 азы.
Тваури Георги
Иваны фырт:
Райгуырди 1920 азы Къаспы районы Цъинарехы хъæуы.
Уыди тæхæг æмæ Дыккаг дунеон хæсты бомбæтæ калдта ныхмæлæууæг
бæстæйы объекттыл.
Уæлдай сæрмагонд хъæбатырдзинад равдыста Белорусийы фронтыл.
Йæ номыл 148 тахты æмæ ныхмæлæууæджы нысаниуæгджын объектты скуынæг
кæнын фыст ис.
Амарди 1999 азы.
Козонты Сардион Давиты
фырт:
Райгуырди 1911 азы Карелы районы Суканаты сыхы хъæуы.
Тох кодта централон фронтыл. 1943 азы 21-æм октябры Днепры
цæугæдоныл цæугæ тохты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй ын лæвæрд
æрцыд хъайтары ном.
Советон Белады Стъалинæй арфæ дæр райста.
Козонты Сардион райста бардзырд, цæмæй Сырх Армийы æрбацыдмæ
ахызтаид цæугæдон Днепрыл æмæ иннæ фарсы былгæрон æрфидар кодтаид.
Дыууæ йемтохгæнæгимæ иумæ, нæмыгæхсæнимæ цæугæдоныл ахызтысты.
Уырдæм сæ æхсын байдыдтой. Фæлæ уæддæр позициты æрфидар кæнын сæбон
баци, хъыгагæн гермайнаг æфсæддонты контрбырстæн иннæ дыууæ нæ
бафæрæзтой. Козонты лæппу удæгасæй аирвæзти.
Хæсты фæстæ, зынгæ артиллерист Гуырдзыстонмæ æрыздæхт æмæ хъæууон
хæдзарады къухдариуæгæй фæкуыста. 1991 азы райдагæ хъаугъайы
рæстæджы йын æнæбары ныууадзын кодтой йæ хъæуы æмæ цæрынмæ
Владикавказмæ алыгъд, цыран 1994 азы йæ цардæй ахицæн.
Пъапъуашвили Георги Йосебы фырт
Райгуырди 1913 азы Хашуры районы Думацхойы хъæуы. Уый хæсты 1943
азы фæмарди.
1945 азы 24-æм мартъийы (мæлæты фæстæ) йын лæвæрд æрцыди хъайтары
ном Дунайы цæугæдоныл цæугæ тохты равдисгæ хъæбатырдзинады
тыххæй.
Лейтенант Пъапъуашвили Георги, 1943 азы, 5-æм декабры, стыр
арæхстджынæй сорганизацигæнгæйæ ахызти Дунайы цæугæдоныл, Венгрийы
горæт Ерчмæ.
Цæугæдоны иннæ фарс былгæроныл плацдармы, хъуамæ æрфидар
кодтаиккой, сæйраг тыхты æрбацыдмæ.
Йæ гранатæты æхстæй дыууæ бынаты куынæггонд æрцыд. Ацы тохы фæмард
йæхæдæг дæр.
Самхарадзе Григол Севастийы
фырт:
Райгуырди 1917 азы Хашуры районы Цъагъвлийы хъæуы.
1945 азы 24-æм мартъы йын лæвæрд æрцыди хъайтары ном Севастополы
ссæрибаргæнæн хæсты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй.
Сæрмагондæй, уый нæмыгзгъалæнæй скуынæг кодта ныхмæлæууæг фарсы
дыууæ уæззау техникæйы, удæгас тых æмæ Советон фистæг полкæн фæндаг
байгом кодта.
Хæсты фæстæ йæ цард Гуырдзыстоны, Гаграйы адарддæр кодта куыста,
хъæууон хæдзарады. 1965 азы йæ цардæй ахицæн.