Ног хабæрттæ
Шида Картлийы 158 лигъдон грант рамбылдта
Шида Картлийы регионы, лигъдæтты цæрынæн ифтонгады агентад чысыл амалиуæг райдайынæн, грант 158 лигъдонæн радта.

Программæйы хайад исын куыд лигъдæтты цæрæнуаты, афтæ ма, æндæр æмæ æндæр хъæуты цæрæг адæймæгтæ дæр хайад райстой.
Грантты фæрцы, уыдон хъæууон-хæдзарадон техникæ самал кодтой, ставдкъах фос æмæ мыдыбындзыты чыргъæдтæ балхæдтой, ныссагътой сæнæфсиры талатæ, сарæзтой æвæрæн бынæттæ.

Цæрыны равзæрæнтæй ифтонгады агентады ‘рдыгæй лæвæрд гранты æххуысæй, лигъдæттæ сараздзысты хъæрмуаттæ, инкубатортæ, куырæйттæ, мæргъты фермæтæ æмæ æндæртæ.

Æввахс рæстæджы ма, Шида Картлийы регионы грант ноджы 62 лигъдонæн лæвæрд æрцæудзæн. Ног курдиæтты исын 31-æм маймæ даргъ кæны.

Гранттæ лæвæрд æрцæудзæн ахæм нысаны категоритыл: иунæг ныййарджытæн, кæцытæ хъомыл кæнынц æнахъом хъæбултæ; арæнгонд гæнæндзинæдты статусы уæвæг гоймæгтæн æмæ уыдоны бинонты уæнгтæн; 25 аздзыд кæнæ чысылдæр кары æрыгон фæсивæдæн, кæцытæ хицауиуæг кæнынц бинонтæн – хæдбарæй хъомыл кæнынц æнахъом мадызæнæгты; ацæргæ гоймæгтæн, кæцытæ хъомыл кæнынц æнахъом сидзæр хъæбулы хъæбултæ.

Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæй рацæугæ гоймæгты, лигъдæтты министр Субари Созар æмæ Шида Картлийы губернатор, Самхарадзе Къаха Гуры муниципалитеты хъæуты: Тергвисы, Пхвенисы æмæ Корды лигъдæттæн сфинансгонд проекттæ бабæрæг кодтой.

Грантон программæ «Экономикон гæнæндзинæдты æмбарон æнцонвадатдзинад лигъдæт¬тæн» Евроцæдисы ‘рдыгæй æрцыд финансгонд æмæ йæ бюджет у 810,006 АИШ доллары.

Программæйы нысан у лигъдæтты социалон-экономикон интеграцийæн баххуыс кæнын. Программæйы лигъдæтты цæрынæн ифтонгады агентад æмæ ИНО-йы хæлцадоны æмæ хъæууон-хæдзарады организаци æххæст кæнынц. Программæйы фæлгæтты Гуырдзыстоны масштабæй ныридæгæн 475 лигъдоны финансгонд æрцыд.


Print