Ног хабæрттæ
Æфсымæртæ æнæдон хъæуы «жигулийæ» донцъирæн сарæзтой

Кердихъошвили Михеил æмæ Леуан зæронд «жигулийы» маркæйы автомобиль балхæдтой, цæмæй йын йæ рулы системæ дон цъирынæн спайда кодтаикой.

Ног «донхорыг системæ», ныртæккæ, Надарбазевы цадмæ ‘ввахс территорийыл монтажгонд у.
Машинæйы моторы куысты фæрцы ист дон 300 метрмæ ‘ввахс дæрддзæфыл уæвæг зæххы фадгуытæм рауагътой. Ацы зæххы фадыгы та, арæзт ис æртахгай системæ.

Иу мæйы размæ, Кердихъошвилитæ «Донцъирæн» бафæлвæрдтой æмæ сæ цæхæрадон сдонхорыг кодтой. Уыдоны ныхасмæ гæсгæйæ, сæ идейæ фæрæстмæ и.

Æфсымæртæ Гуры муниципалитеты Надарбазевы хъæуы цæрынц. Чысыл хъæу автобаны былгæрон ис.

Сæ цæрæнуатмæ ‘ввахс зæххыты бакусынæн та, ног кусæнгæрзтæ æрымысыдысты. Сæрмагондæй, зæронд æфсæйнагæй конд мигæнæнтæй механикон къахæн фæрæзтæ сарæзтой.




Æфсæйнаг зæронд æрмæгæй арæзт рувæн фæрæзтæ. Кердихъошвилитæ сæ цæхæрæдæтты ацы мигæнæнтæй кусынц.



Кердихъошвили Михеил æмæ Леуаны мад зæгъы, цæмæй уымæн йæ хъæбултæ бирæ фыдæбон кæнынц, фæлæ, сын цæрын уæддæр зын у. Хъæуы донхорыг системæ бынтондæр пырх у.


Print