Дихгæнæг хаххмæ ввахс Кънолевы хъæуы цалдæр боны размæ, дыууæ
бирæгъы цæрæн хæдзары кæртмæ бахызт.
Бирæгътæ иу аздзыд уæныджы афæлдæхтой.
Дыккаг стуры богъ-богъмæ хæдзары хицау дуармæ рахызти æмæ уавæры
йæхи цæстæй федта.
Тортладзе Зураб фæрæт рацагуырдта æмæ бирæгъты фæтæрсын кодта.
Уæныгæн йæ цæфтæм базылдис æмæ йæ ныфс ис, кæй фервæздзæнис.
Бинонты æфтиаг хæдзарон цæрæгойтыл баст у.
Кънолевы хъæуы æрцæугæ факты фæдыл Шида Картлийы информацион
центримæ ныхас кодтой бынæттон цæрджытæ.
Уыдоны ныхасмæ гæсгæйæ, фæстаг азты, тугдзых сырдтæ хæдзарон
мæргъты æмæ фосы систематиконæй куынæг кæнынц.
Фæстаг цау æрцыд, боны цыппар сахатыл.
Тугдзых сырдты сбирæйы аххосаг бынæттон цæрджытæ уый æфсон кæнынц,
æмæ дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæутæ кæй сафтид сты адæмæй.