Ног хабæрттæ
Гуры муниципалитеты 7 хъæуы æхсæвы срухс уыдзысты
Гуры муниципалитеты 7 хъæуы электро цæджындзтыл электрон цырæгътæ бакæндзысты.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн Гуры муниципалитеты гамгеобайæ фехъусын кодтой.

Гамгеобайы минæвары бæрæггæнæнмæ гæсгæ, рухсдиодон элæктрон цырæгъы, уыцы хъæуты смонтаж кæндзысты, цыран уынгты рухсытæ ацы рæстæгмæ, нæ уыди æвæрд.

Ацы хъæуты, Ахалцихы, Эргнеты, Земо Никозы, Къирбалы, Уплисцихейы, Плауы æмæ Гъвареты, уагъд цæуы уынгты рухсыты æвæрыны куыстытæ.

Æдыппæтæй куыстады аргъ у 270000 ларийы.

Компани, июны мæйы, йæхимæ райсдзæни бæрндзинад, цæмæй уæлдæр ранымайгæ хъæуты куыст 70 бонмæ сæххæст кæна.

Print