Ног хабæрттæ
Бершуеты хъæуы цур ног банерты сæвæрыны тыххæй протестон акцитæ уагъд æрцæудзæни
Гуры муниципалитеты Бершуеты хъæуы цур 8-æм æмæ 14-æм июлы протестон акцитæ уагъд æрцæудзæни.

Ай фæдыл информацийы инициативон къорды уæнгтæ парахат кæнынц.

Студентты иу хай халагъудты райтындзын сабаты план кæнынц æмæ хуыцаубоны 9-æм июлы фæуыдзысты. Фæлæ, æмбæстагон секторы минæвæрттæ бынатыл 14-æм июлы уыдзысты.

Муниципалитеты гамгеобайы сæм нырма информаци нæй ай фæдыл.

Æвзонг фæсивæды иницитивон къорды минæвар Джапаридзе Ана зæгъы, цæмæй барлæвæрды цауы 8-æм июлы изæры Бершуеты хъæумæ ввахс æрбынат кæндзысты.

Медиайы рдыгæй абон Бершуеты (Гдулетмæ) ввахс ног цъæх банеры смонтаж кæныны фæдыл рапарахатгонд информацийы фæстæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси æвæстиатæй арвыста патрулон къорд бынатыл уæвæг уавæры сбæлвырд кæнынмæ.

Евроцæдисы Цæстдарæг Миссиæн йæ бон у сбæлвырд кæна, цæмæй бордеризацион архæйдтытæ Гдулеты алфæмблайы июны мæйы æххæст æрцыдысты, фæлæ йæ бон нæу сбæлвырд кæна ног цъæх банерты смонтажкæнынад аивгъуыйгæ къуырийы дæргъы.

Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы рдыгæй ауагъд цæстдардмæ гæсгæ, Бершуеты (Гдулетмæ) æввахс цалдæр цъæх банеры монтажгонд æрцыди 2017 азы 19-æм июны административон арæнмæ хæрзæввахс бынатыл, кæцы нæй Гуырдзыстоны хицауады контролы бын (Тбилисы рдыгæй администриргонд территорийыл).

Уымæ æнæгæсгæйæ, Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси зæгъы, цæмæй цъæх банерты сæвæрын ницæй тыххæй гæнæн ис бордеризацион архæйдтыты цахæмфæнды формæйæ, (уыдон æхсæн ахæм банерты сæвæрынæй), уый аразы къуылымпыдзинæдтæ уæгъдибарæй рацу-бацу кæнынæн æмæ азты дæргъы ам кусæг фермертæн сæ зæххыты бакусынæн фадат нæ дæтты.

Ацы фарстæмæ æркæсын уыдзæнис гæнæн 2017 азы 11-æм июлы Эргнеты хъæуы инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагир кæныны механизмы иннæ фембæлдыл.

Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси адаргъ кæндзæни бордеризацион архæйдтытæм лæмбынæгæй йæ цæстдарын.

Print