Ергнеты хъæуы, Члачидзе Лиайы хæдзары ныккæнды, 2008 азы августы
хæсты фæстиуджыты æвдисæг дзауматæ æмæ мигæнæнтæ æвæрд
æрцæудзæни.
Райдиан этапыл, ацы аз июлы мæйы, территори ссыгъдæггонд
æрцæудзæни. Райдайдзысты æрмæджыты æмбырд кæнын, цыран хайад
райсдзысты цæрджытæ æмæ регионы кусæг æнæхицауадон организациты
минæвæрттæ.
Æрæмбырд дзаумæтты æмæ мигæнæнты нырма, æрдæгарæзт музейы
бафснайдзысты, уыдон æхсæн, иу цæрæджы сыгъд автомашинæ дæр. Ацы
машинæ 9 азы Члачидзе Лиайы хæдзары кæрты лæууы.
«Ай уыдзæни рухсадон тыгъдад, цыран гуырдзиаг-ирон æмахастытыл,
адæмон дипломатийыл æмæ æндæр æнгæс æрдæмады фарстæтыл
фембæлд-дискусситæ уагъд æрцæудзæни. Ам æвæрд æрцæудзæни сыгъд æмæ
хæсты фæстиуæгæн зианбаййафæг æндæр æмæ æндæр мигæнæнтæ, кæцытæ
абоны онг æфснайдæй дарынц куыд дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты
цæрджытæ, афтæ ма уыцы адæймæгтæ, кæцытæн 2008 азы августы цаутимæ
цыдæр бастдзинад ис», - зæгъы Члачидзе Лиа.
Члачидзе Лиа æмбарын кæны, цæмæй уый нæ уыдзæни агрессийы
музей:
«Ай уыдзæни уыцы тыгъдад, цыран ноджы иухатт банкъардзыстæм
сабырдзинады æргъад æмæ уый æнæалтернативондзинады. Хæст не взары
адæмыхатты, уый дыууæфарсырдыгæй дæр стыр зиан ракодта цæрджытæн.
Ног фæлтæр хъуамæ фена æмæ зона, цавæр фæстиуджытæ æрхæссынц хæстон
архæйдтытæ, æмæ уый тыххæй хъуамæ хайад райсой сабырадон процессты,
цæмæй ма бауадзой æндыгъддзинады æмæ знагдзинады», - зæгъы Члачидзе
Лиа.
2017 азы 8-æм августмæ Члачидзе Лиа, бархионтимæ иумæ, музейы
интерьеры саразын план кæны. Хæсты рæстæджы ныппырхгонд тыгъдады
ацы периодмæ ис аудио æмæ визуалон æрмæг.
