Ног хабæрттæ
Шида Картлийæ 15 ахуырдзау Ачъарайы эколагермæ акодтой
«Ссу цъæх æмбæстаг», - афтæ хуыйны эколагерь, цыран Шида Картлийæ 15 ахуырдзау 4 боны баулæфдзæн.

Се хсæн уыдысты хъомылгæнинæгтæ дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæутæй æмæ Къаралеты лигъдæтты цæрæнуатæй.

Эколагеры фæлгæтты ахуырдзаутæн уагъд æрцыд кæуæг национ паркы, Кобулеты хъахъхъæд территорийыл æмæ Батумы ботаникон бæласдоны ахуыргæнæн-æввахсдæр базонгæйы тур. Изæры сахатты та, æнæформалон æмæ сфæлдыстадон мадзалтæ ауагътой.

Воркшопы фæстæ ахуырдзаутæ сæ хъуыдыты хъуамæ сныв кодтаиккой æмæ сæ нывы хуызы равдыстаиккой. Уыдонæй сæ иутæ денджыз фыццаг хатт уыдтой æмæ растдæр уыдон хицæн кодтой уæлдай эмоцитæй.

«Ачъарайы фыццаг хатт дæн уазæгуаты. Диссаджы фендтаг алфæмблай ис нæ алыварс. Куыддæр ботаникон бæласдонмæ бакъахдзæф кодтон, мæхи бынтон æндæр дунейы банкъардтон. Уыцы рæстæджы ноджы фылдæр æнкъарæг свæййы экологион фарстæтырдæм æмæ уæд ноджы тынгдæр æрфæнды æрдзыл аудын. Лагеры арвитгæ бонтæ мæ царды иуыл рæссугъддæр сыфыл фыст æрцæудзæн, кæцыйы æдзухæй мæ риуы дзыппы хæсдзынæн. Дунейыл рæсугъддзинад растдæр нæ фæлтæр бавæрдзæн. Мæн уырны, цæмæй мах иумæ æнæмæнгæй сараздзыстæм хуыздæр алфæмблай», - зæгъы 15 аздзыд Абуашвили Нини.

Организаторты ныхасмæ гæсгæ, лагеры нысан у, активты æвзонг фæсивæды активон хайад райсын æмæ сын сæ зонынад сбæрзонд кæнын экологийы æмæ æрдзхъахъхъæнынады фарстæтыл.

«Эколагеры» ахуырдзаутæ ауагътой æрдзы, экологийы, алфæмблайы хъахъхъæнынады фарстæтыл арæзт иуыл хуыздæр слоганы, нывты, эсеты, фототы презентаци. Афтæ ма проекты фæлгæтты ахуырдзауты активты æмæ иртасæнты фæстиуæгты презентаци.

«Лагеры хайадисынæн боны фыццаг хай лæвæрд æрцыд семинартæн бынæттон биоалыхуызтæн æмæ хъахъхъæд территориты нысаниуæгдзинадыл, базонгæ сты æрдзы ориентацийы æмæ æдасдзинады æгъдæуттимæ, ныхас кодтой æмбæстагон бæрндзинадыл. Хъуыды кæнæм æмæ ацы лагерь æвзонг фæсивæды æрдзырдæм ноджы фылдæр æнкъараг скодта», - зæгъы æхсæнад «къахфæндаджы» минæвар Горелишвили Лиа.

Эколагермæ ахуырдзаутимæ фембæлынмæ Гуры горæты муниципалитеты мерийы рухсадон хайады къухдариуæггæнæг Берианидзе Нино ныццыди. Лагеры æвзонг фæсивæдимæ иумæ уыди Гуры горæты стратегион рæзынады агентад-туризмы информацион центры минæвар, кæцы ахуырдзауты Шида Картлийы туристон потенциалимæ базонгæ кодта, æмæ семæ экотуризмыл æрныхас кодта, уый фæстæ ахуырдзаутимæ иумæ æркастысты уыцы проблемæтыл, кæцытæ ис Гуры горæты æдзхъахъхъæнынады сферæйы къабазы.

Эколагерь æхсæнад «Къахвæндаг» проекты «Ссу цъæх æмбæстаг» фæлгæтты Гуры горæты муниципалитеты мерийы финансон æххуысæй арæзт æрцыди.

Print