Ног хабæрттæ
Стъалины портрет скъолæйы бæстыхайы арæзтадыл
Меладзе Роман скъолæйы бæстыхайы арæзтады хъахъхъæнæгæй кусы. Уый æрвылбон дæр вæййы уым. Радио йын вæййы иу, æмæ, паралеллонæй, æдасдзинады нысанæн, объекты мидæгон территоримæ æввахс никæй уадзы.

Хæдзарæй Стъалины портрет бахаста æмæ йæ цæстуынгæ бынаты æрцауыгъта. Советон раздзоджы портрет тъилойыл у нывгонд.

«Ацы лæгмæ æмбæлы æмæ йын йæ портреты уый тыххæй бакодтон къулыл æргомæй», - зæгъы Меладзе Роман. Уый ныхасмæ гæсгæ, Советон раздзоджы къухдариуæгады рæстæджы дисциплинæ уыдис, адæмы та, миллионертæ не «стыгътой».

Бæстыхайы объект Къаспы фыццаг астæуккаг скъолæ у. Зæронд бæстыхайы ныппырх кодтой, кæцыйы бынаты ног, капиталон корпустæ арæзт цæуы. Æртыккаг уæладзыгыл уыдзæнис спортивон залтæ.

«Иттæг хорз бæстыхай арæзт цæуы. Нырма дзы æрмæст дыууæ уæладзыг ис арæзт. Раздæр ам æлдар Мачабелиты хæдзар уыди æмæ сын æй байстой. Уый фæстæ бæстыхаймæ коммунисттæ бафтыдтой цыдæртæ æмæ дзы скъолæ байгом кодтой», - зæгъы Меладзе Роман.

Мачабелитæн сæ хæдзары, растдæр, Стъалины Советон къухдариуæгады рæстæджы байстой.

Афтæ ма горæты, ноджы, иу скъолæ ис, цыран Советон раздзоджы портрет ис ауыгъд, фæлæ, æндæр ракурсмæ гæсгæ. Къаспы скъолæ-гимназийы оккупацийы музей ис конд.

Ацы музейы лекцитæ уагъд цæуы æвзонг фæсивæдæн, цыран Советон диктаторы азты тыххæй информаци информации с æвæрд. Къаспæгтæ репресситы периоды тыххæй архивон æрмæджытимæ зонгæ кæнынц.


Print