Ног хабæрттæ
Земо Никозы уынгты æхсæвы рухсытæ ссыгъдысты
Гуры муниципалитеты Земо Никозы хъæуы уынгты нырæй фæстæмæ æхсæвы рухс уыдзæни.

Амæн æвдисæг фототæ бынæттон цæрæг, Миндиашвили Нино систа.

Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуы индикаторон цырæгътæ монтажгонд æрцыди.

Гуры муниципалитеты гамгеобайы фæдзæхстæй июны мæйы æдæппæтæй 7 хъæуы уынгты рухсытæ аразын байдыдтой.

Ацы хъæутæ сты: Ахалхиза, Эргнет, Земо Никоз, Кирбал, Уплисцихе, Плау æмæ Гъварет.

Æдæппæт, куыстыты æргъад у 270 000 лари.

Print