Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур хъæууон-хæдзарадон куыстытæ Евроцæдисы Миссиимæ баныхасгæнгæйæ æххæст кæндзысты
Дихгæнæг хаххы цур хъæууон-хæдзарадон куыстыты фæрстæ, Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы минæвæрттимæ баныхасгæнгæйæ, ауадздзысты.

Ай фæдыл Эргнеты, знон ауагъд 79-æм фембæлдыл æрныхас кодтой.

Миссийы минæвæртты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, фермерты æдасдзинады нысанæн, фæрстæ иумæ архайдзысты. Инициативæ Эргнеты фембæлды координатортæ бахастой.

Фарст уæдæй фæстæмæ скарз и, 19-æм июны Бершуеты хъæуы цур Уæрæсейы æфсæддон тыхтæ ног банер мæнæу æмæ хоры быдырты цур куы смонтаж кодтой. Цъæх банеры иннæ фарс Гуырдзыстоны æмбæстæгты, уыдон æхсæн, Ходели Георгийы зæххытæ дæр бахаудысты.

Ходели Георги Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ зæгъы, цæмæй уалдзыгон куыстыты рæстæджы, банер нæ лæууыд æмæ уый фæстæ фæзынди. Мартъийы æмæ апрелы, хуымгæнæн трактор уыцы периодæн уæвæг банерæй фалæмæ нæ ахызтис.

«Ма кусæт ам хæдзарадон куыстытæ. Æмбарын æй, мах цауы 200 æмæ 300 метры дæр кæй у нысаниуæгджын бынæттон цæрджытæн. Зын у, фæлæ цæмæннæ хъуамæ бафæлварæм, бамбарын кæнæм бынæттон цæрджытæн, цæмæй æввахс ма цæуой æмæ ма хизой хаххæй. Фæлæ уый тыххæй та, цæмæй ма æрбахизой, хъæугæ у фиксиргонд æрцæуой ацы хæххытæ. Ам стыр бæрндзинад растдæр инцидентты превенцийы æмæ уыдоныл реагиркæныны къордмæ хауы, Женевайы ауыл баныхас кæнын нæ бон не суыдзæн», - загъта Цхинвалы хицауады минæвар Джиоты Мурад.

Евроцæдисы Цæстарæг Миссимæ афтæ кæсы, цæмæй цъæх банерты æрывæрын раст нæу бордеризацион архæйдтыты кæцыфæнды формæйæ, (уыдон æхсæн ахæм банерты æрывæрынæй) æмæ уый кæй аразы къуылымпыдзинад сæрибарæй рацу-бацу кæнынæн. Æмæ азты дæргъы ам кусæг фермертæн сæ зæххыты бакусынæн фадат нæ дæтты.

Print