Къаспы районы Хъарапилайы хъæуæй Чобалауры хъæуы онг уæвæг
территориимæ Америкæйы минæвар базонгæ ис.
Ай уыцы бынат у, цыран дихгæнæг хахх, æппæтæй æввахсдæр, сæйраг
магистралы цур уæвы.
Дипломатон корпусы минæвæрттæн паддзахадон æдасдзинады куыстуаты
æмкусджытæ фысымиуæг кæнынц. Квемоклидзе Къаха минæварæн деталонæй
радзырдта уыцы уавæры тыххæй, кæцы нысангонд территорийыл цæуы.
Тортлайы цæугæдоныл, кæцыйы фæтæн 3 метры онг у, цъæх банеры 3 азы
размæ сæвæрдтой. Бынæттон цæрджытæ, къанауойы стырадмæ гæсгæ, сæ
зæххыты уæндонæй кусынц.
Ацы банер алкæмæй æввахсдæр лæууы сæйраг магистралы цурмæ.
Мидхъуыддæгты министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, автобанæй полицæйы
посты онг 100 метры у, фæлæ, постæй, банеры онг та – 250 метры.
«Ацы къанауоахæм фæтæн у, нæдæр уыдон æрбахиздзысты ацырдæм æмæ
нæдæр мах ахиздзыстæм. Факивонæй, коммунистты рæстæджы сфидар
кодтой, цæмæй Хуссар Ирыстоны облæсты арæн ацы къанауойыл ацыдаит»,
- зæгъынц бынæттон цæрджытæ.