Ног хабæрттæ
Августы хæсты музейтæн дзауматæ тымбыл кæнын райдыдтой
Зианбаййафæг хæдзарон дзауматы æмæ мигæнæнты хæйттæ, афтæ ма, сыгъд автомашинæ, тугæйдзаг пысултæ, оккупацигонд хъæутæй рахæсгæ мигæнæнтæ, æрдæг скъуыдтæ чингуытæ æмæ а. д. Æрмæджытæ Эргнеты августы хæсты музейы æвдыст æрцæудзысты.

Дзауматы æмæ мигæнæты æмбырд кæнын ныридæгæн байдыда æмæ дарддæр кæны. Музейы байгом кæныны идеæйы автор Члачидзе Лиа зæгъы, цæмæй сидтытæ æндæр æмæ æндæр сегментæй фылдæрæй-фылдæр кæны.

«Уæдæй фæстæмæ, куыддæр музейы байгом кæныны идеæйы тыххæй ныхас уыд, мæ телефонмæ æппынæдзухæй дзурынц. Дзурынц мæм уыцы адæймæгтæ, кæцытæ 2008 азы августы хæстмæ æввахс уыдысты, уыдон æхсæн сты, ме мхъæуккæгтæ дæр, кæцытæ хæстæй аирвæзгæ дзуамæтты абоны онг æвæрдæй хæдзары дарынц. Сæ иу мын баныфсæвæрдта, хæсты рæстæджы æрдæгсыгъд хуыйæн машинæ кæй æрбахæсдзæн музейы æвæрынмæ. Дзурынц мæм ноджы хæсты фæмардуæвæг æфсæдтонты хæстæджытæ, æввахс хиуæттæ, кæцытæ тугæйдзаг пысулты, нæмыгдзæф згъæрхуды æмæ æндæр ахæм дзуамæттæ æрбахæсдзысты. Куыд уын загътон афтæмæй нæ фæнды, цæмæй хæсты музей 8-æм августы байгом кæнæм, растдæр уыцы рæстæгмæ хъавæм æрымбырдгонд дзауматæ æрывæрæм музейы æмæ муземæ æрбацæуæгæн хæсты карздзинад æмæ сабырады аргъ йæ зæрдыл лæууа», - зæгъы Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ Члачидзе Лиа.

Хæстæй аирвæзгæ мигæнæнтимæ иумæ музейон тыгъдады августы хæсты æвдисæг фото-видео æрмæг дæр æвæрд æрцæудзæни. Дзауматы æрымбырд кæныны фæстæ та Эргнеты, июлы æмбисæй масштабон акци плангонд цæуы, уыцы рæстæгæн музейæн рахицæнгонд бынаты æвæрд æрцæудзысты дзауматæ.

Print