Ног хабæрттæ
Ауæдз арæзт алфæмблай Кънолевы хъæуы
Донадзе Циала æнæхъæн бон йæ дыууæ роды фæзындмææнхъæлмæ касти. Раззаг боны уыдон хизæнуатæй нал æрбаздæхтысты. Кънолевæгтæ фосы дихгæнæг хаххмææввæхсты хызтой.

«Алфæмблыйы цыдæриддæр уынут цъæхæй, уыдон сты нæ фосхизæнтæ. Цы ма нын баззад, æндæр бон нын нæй æмæ сæ ирæтты зæххыты цурмæ баскъæрæм æмæ сæ уым фæхизæм, тæрсæм сын аскъæрынæй, фæлææндæр цы бакæнæм», - зæгъы Донадзе Циала.

Бынæттон цæрæг Гелашвили Георги зæгъы, цæмæй ма хъæуæн нырттæккæ ис æрмæст уыцы территори, кæцы дихгæнæг хаххы акомкоммæ зыны. Цъæх банерты хсæны дæрддзæг Уæрæсейы оккупацион тыхты æфсæдтонтæ тракторæй снысан кодтой æмæ ауæдз сарæзтой.

«Ауæдз иу къуырийы размæ сарæзтой. Ауылты æрцыди трактор æмæ йæ æрхахх кодта. ахиздзынæ уыцырдæм æмæ дæ æрцахсдзысты. Цы ма нын баззыди фосхизæнтæ», - зæгъы Гелашвили Георги.

Шида Картлийы информацион центр хъæугæрон уæвæг ауæдзы бынатыл федтой. Ауæдзы ног 50 метры дæрддзæгмæ ввахс фæрæтæй карст у кæрдæг. Кънолевæгтæ нын загътой, цæмæй уый æфсæдтонтæ специалонæй снысан кодтой.

«Ацырдæм ыл ма рахæцой уыцы банерыл, тæрсæм», - зæгъы бынæттон цæрæг.

Кънолев фæстаг хъæу у Карелы районы, кæцы Оконаимæ арæн кæны. Окона раздæр гуырдзиаг хъæу уыди, гуырдзиæгтæдзы цардысты, фæлæ ныр, кънолевæгтæ зæгъынц, цæмæй уым ничиуал цæры. Цъæх банеры уæле та, Хабелаты сых у, Ацы сыхы иунæг хæдзар дæр нал лæууы. Уый дæр дэ-факто хицауад контрол кæны.

Кънолевы онг Проны комы цæугæдон Церонис æмæ Авлеб у. Кънолевæй райдайгæйæ ауæдз ацы дыууæ хъæумæ ввахсыл хизы. Фæуд кæны ирон хъæу Йончамæ. 2017 азы апрелы мæйы, ног дэ-факто президент расидти, цæмæй Йончайы цур банертææвæрд æрцæудзæни.

Эргнеты 79-æм фембæлдыл Гуырдзыстоны хицауад минæвæрттæ ауæдзты саразыны факт спротест кодтой æмæ снысан кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны территорийыл ахæм дихгæнæг хæххытææнæзаконон сты, уымæн æмæ адæймæгты сæрибарæй рацу-бацу кæнынæн хъыг дары.




Print