Дихгæнæг хаххмæ ввахс Чобалауры хъæуы Этер æмæ Элгуджа
Миделашвилитæн социалон æххуыс январæй нал раттой. Æрдæг æнусы
размæ агуырийæ æмæ дурæй амад хæдзар хæлы.
Хъæбул æмæ хъæбулы хъæбултæ хицæнæй цæрынæн, кæйдæр сæрмагонд
хæдзармæ ахызтысты. Демографон ивддзинæдтæм гæсгæ, дыууæ бинонтæ
дæр æнæ социалон æххуысæй баззадысты. Миделашвили Этер серезон
низæй рынчын у, фæлæ уый ныхасмæ гæсгæйæ, ацы уавæр уымæн социалон
статусы райсынæн хъæугæ кулæты бæрцадыл нæ ахады
Къаспы социалон агентады зæгъынц, цæмæй Миделашвилитæн сæ бон у иу
афæдзы аивгъуыды фæстæ æркурой социалон статусы райсынæн ногæй
кулæты бæрцад сбæрæг кæнынæн æмæ сын зæгъынц, цæмæй курдиат
бадæттой куыстдæттæн программæмæ. Ацы цауы, æнæмæнгхъæугæ у
электронон формæйæ регистраци скæнын. Компьютер æмæ интернет та
хъæуы зæгъæн ис æмæ никæмæ ис.
«Дыууæ хъуг дам уын ис, дыууæ хъуг иннæтæн дæр ис, фæлæ уæддæр
исынц социалон æххуыс».