Гуырдзиаг æмæ фæсарæйнаг бархионтæ Эргнетмæ ныццыдысты æмæ бынæттон
цæрæг, Члачидзейы цæрæн хæдзары ныккæнды ссыгъдæг кодтой. Тыгъдад,
кæцыйы августы хæсты музейæн спайда кæндзысты, æрыгæттæ ныссыгъдæг
кодтой сыджытæй.
Сыгъдæггæнæны акци 4 сахаты бæрц даргъ кодта. 12 æрыгоны хсæн,
Европæйæ æмæ Америкæйæ, ивгæ программæйы фæлгæтты, Гурмæ æрцæуæг
бархионтæ дæр уыдысты. Æрыгон фæсивæд ныккæнды æрмæст уæлейæ
ныссыгъдæг кæнынмæ сарæхстытсты.
«Куыддæр фехъуыстам, æмæ Эргнеты хъæуы хæсты музей байгом кæнын
плангонд цæуы, аскъуыддзаг кодтам Шида Картлийы бархионтæ æымбырд
уыдаиккам æмæ нæ фæсарæйнаг æмгæрттимæ иумæ ацы бынаты ссыгъдæг
кæныны сæрмагонд хай бахастаиккам. Мах ардæм ноджы æрцæудзыстæм æмæ
цы нæ бон уа уымæй баххуыс кæндзыстæм», - зæгъы бархион Испариани
Мариам.
Музейы байгом кæныны идейæйы автор экспонаттæ ныридæгæн æмбырд
кæны. Члачидзе Лиа зæгъы, цæмæй хæсты рæстæгон дзауматы æмæ
мигæнæнты æрæвæрынмæ ныккæнды ноджыдæр сыгъдæг кæнын хъæуы.
«Æрыгæттæн куыд сæ бон уыди, уый алцыппæтдæр сарæзтой, мæ цæст сæм
дардтон æмæ æнæрулæфгæйæ зæрдæбынæй куыстой. Æнæпайда мигæнæтæ æмæ
сыджытæй ныккæнды ссыгъдæг кодтой. Фæлæ, мæ фæнды зæгъын, цæмæй
музейы байгом кæнынмæ астæрды сраст кæнынæн хъæуы нæлгоймаджы тых,
чызджытæн уый саразын сæ бон нæ бауыдзæни. Бархионты хсæн та уыди
цалдæр лæппуйы, фæлæ æрмæст уыдон ацы куыстытыл нæ фæтых уыдзысты.
Хъуыды кæнын хæрзæввахс рæстæджы ацы процессы хиуæттæ дæр хайад
райсой æмæ 8-æм августмæ æртымбыл экспонаттæ æнæхъæнæй сыгъдæггонд
тыгъдады æрæвæрæм», - зæгъы Члачидзе Лиа.
Цалынмæ æрыгон фæсивæд Эргнеты ныууагътаиккой, Члачидзе Лиаимæ
иумæ, ноджы уæрæхдæр масштабон сыгъдæггæнæн акцийы ауадзыныл
баныхас кодтой, цыран алкæмæн дæр йæ бон у хайад райса
Фотойыл: Хæлардзинады хид «Картлоси» EVS ивгæ программæйы
фæсарæйнаг бархионтæ æмæ Гуырдзыстоны бархионты Испириани Мариамы
æмæ Терунашвили Ликайы клубы уæнгтæ.