Дихгæнæг хаххмæ ввахс Кънолевы хъæуы цур Проны цæугæдоныл уæвæг хид
æркалди.
Ай фæдыл информацийы бынæттон цæрæг, Цикубадзе Бадри парахат
кæны.
Уый бæрæггæнæнмæ гæсгæ, кæд мæ хид рæстæгыл цалцæггонд не рцæудзæн,
хъæуæн районы центримæ бастдзинад нал уыдзæн.
«Ныртæккæ хидыл калд сты жестæй къæйтæ æмæ тæссаг сты хидыл
ахизджытæн. Æнæмæнгхъæугæ у хиды конструкцимæ ивындзинæдтæ
бахæссын, цæмæй сæрæй аиварс кæнæм реставрацийæн æмбæлгæ æрвылазон
муниципалон хæрдзтæ», - зæгъы Цикубадзе Бадри.
Хидæн 90-æм азты онг бетонæй бындур уыди арæзт. Проны доны раивылды
рæстæджы деформаци райста, цæмæ гæсгæ дæр ын, йæ конструкцийы
фæивтой.
Кънолевы æртæфарсæрдыгæй дæр сты дэ-факто Хуссар Ирыстоны
дæлбариуæг территоритæ. Ай иунæг хид у, кæцы цæрæнуаты районы
центримæ иу кæны.