Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур æмæ лигъдæтты цæрæнуаты цæрæг сыдгоймæгтæ фембæлд сарæзтой
Лигъдон æмæ дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты цæрæг сылгоймæгтæ иумæ Гуры фембæлдысты æмæ проблемæты фæдыл æрныхас кодтой.

Уыдон уыцы проекты хайадисджытæ сты, кæцытæ ассоциаци «Танхмоба (Разыдзинад)» дихгæнæг хаххы хъæуты æмæ лигъдæтты цæрæнуæтты æххæст кæны.

Проекты фæлгæтты фембæлд мæй иу хатт арæзт цæуы, цыран сылгоймæгтæ сæхи цæрæнуæтты рæзынады фæзындтыл æмæ цæрджыты хъæугæдзинæдтыл информацитæ кæрæдзийæн базогæ кæнынц.

Гуры арæзт фембæлдæн Чъехæй лигъдон Беруашвили Нази къухдариуæг кодта. Уыимæ иумæ, Гуры муниципалитеты хъæуты: Къошкъа-Гугутъианткъарийы æмæ Никозы, Карелы муниципалитеты Кънолевы хъæуы цæрæг сылгоймæгтæ дæр уыдысты.

Беруашвили Назийы ныхасмæ гæсгæйæ, бынæттыл, цæрджытæ, сæйрагæйдæр миграцийы æнкъарынц, растдæр, уый тыххæй æндæр æмæ æндæр æнæхицауадон организацитæ хъæуты ахæм проектытæ æххæст кæнын байдыдтой, кæцы бынæттон цæрджытæн сæхи хъæуты куыст ратдзæни.

Абоны фембæлды хайадисæг сылгоймæгтæ дæр раст ахæм проекты бархионтæ сты. Лигъдон сылгоймæгты ассоциаци «Танхмоба (Разыдзинад)» партнер организацитимæ иумæ æххæст кæны проект «Аккаг зæры бонтæ», кæцыйы фæлгæтты бенефициар ацæргæтæм дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты цæрæг сылгоймæгтæ æндæр æмæ æндæр хуызы хъусдард æвдисынц. Абоны фембæлдыл нысангонд æрцыд, цæмæй хистæр фæлтæр растдæр уыцы категори у, кæцытæ бавзæрстой конфликтон ситуациты æмæ уыдонæн æнæмæнгæй хъæуы уæлдай сæрмагонд æххуыс.

Æндæр æмæ æндæр цардуагон поблемæтæй дарддæр ма дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты цæрджытæн сæраг проблемæ у сындзджын телгæрæнтæ. Уыдон ныхасмæ гæсгæ, иуæрдыгæй фарс æддебакæсгæйæ сабыр зыны, фæлæ сындзджынтелгæрæнтæ систы, куыд æнæстабилон сабырады символикæ.


Print