Ног хабæрттæ
Борцвадзе Лиана – педагог Тамарашены хъæуæй
66-аздзыд Борцвадзе Лиана, йæ моимæ иумæ, ныртæккæ, Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты цæры. Уый 2008-æм азы августы хæсты агъоммæ, Тамарашены скъолæйы, нырма ахуыргæнæгæй, уый фæстæ та, скъолæйы директорæй куыста.

«Зæгъы, цæмæй скъолæмæ ахуыр кæнынмæ цхинвайлаг ахуыдзаутæ дæр цыдысты æмæ иу партæйыл бадæг гуырдзиаг æмæ ирон сывæллæтты ахуыр кодта. Куыстуарзæг педагогы хъæбулы уæлмæрдмæ, ныртæккæ, цхинвайлаг, йæ раздæры сыхаг йæ цæст дары. Уæлмæрды дур куыд лæууыд афтæ лæууы, мæ фарсмæ цардысты Цхуырбатæ, æмæ ныр уый ссæуы æмæ йæм йæ хъус дары, иумæйагæй уæлмæрдтæ не сты хæлд. Æрмæст æмбæндтæн сæ алюминæй арæзт хæйттæ ист сты», - зæгъы Борцвадзе Лиана.

Борцвадзе Лиана æрвыл аз дæр августы æрлæудыл æнкъардæй сæмбæлы. 9 азы уый йæ хъæбулы уæлмæрды нал федта æмæ йæ нуæсты æндæр æмæ æнæдæр амалæй архайы æрнымæг кæнын. «Ереды хъæумæ ввахс, Дицы цур ис уæлмæрд. Куадзæны иу ардæм æрбацæуын æмæ мæ хъæбулæн ам ссарын йæ рухсном, ацы уæлмæрдтыл æрæвæрын сырх рæвдуан дæр. Чысыл мын фенцондæр вæййы ацы хæхты куы фенын, цыран цардыстæм», - зæгъы Борцвадзе Лиана.

Йæ хъæбулы йын, августы хæсты агъоммæ, цалдæр азы размæ Уæрæсейы сабырадон тыхты минæвар амардта. Артгæнæнты рæстæджы æмбырд æрыгон фæсивæды цурмæ нуæзтджынæй Уæрæсейы æфсæддон хайы æмкусæг бацыди. «Хъæуы артгæнæнты рæстæг уыди, расыг æфсæддон бацыди уыдонмæ æмæ сын загъта: алы кавказаг дæр мын удхæссæг у. Ацы факты фæстæ æрцыд уый, æмæ мын мæ хъæбулы фехста æмæ йæ амардта».

2008 азы 12-æм августы, куыддæр Уæрæсейы хицауад уæлдæфон ныббырсты æруромын æмæ зынг фескъуыды тыххæй бардзырд райста, Борцвадзе Лиана Тамарашены хъæумæ æрбаздæхын аскъуыддзаг кодта. Тамарашен æмæ Цхинвал кæрæдзиимæ арæн кæнынц. Уæрæсейы армийы æфсæддонтæ йæ хъæумæ бауагътой; бынатмæ куы бахæццæ, уæд федта хæдзар уыд сыгъд, магазины та, ницыуал уыди, алцыдæр давд уыд.

«Хæдзары кæрты фæткъуыйы бæлæстæ уыди сагъд. 12-æм августы федтон, æмæ нын нал дæр хæдзар уыди æмæ нал дæр цæхæрадон, фæстæмæ бынтон афтидæй раздæхтæн», - мысы Борцвадзе Лиана.

Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты йын раттой хæдзар, цыран йæ моимæ иумæ, цæры. Чысыл зæххы гæппæл дæр ын раттой æмæ дзы ныссагъта дыргъ-бæлæстæ. Фæткъуыйы бæлæстæ байрæзтысты æмæ сыл ныридæгæн зайы фæткъуытæ. Царды æмæ хъæууон-хæдзарадон хъуыддæгты рæвдзæй дарддæр кæны. Алкæмæй сæйрагдæр уыдонæн у Леуахимæ ввахс цæугæдон, афтæма, ацы цæугæдоны комæй лигъдæттимæ иумæ, æмдзардгæнæг разынди.


Print