Дихгæнæг хаххмæ ввахс Тамарашены хъæуы Къажашвили Цирайы 8 удон
бинонтæ хъæугæрон цæрынц. Уымæн йæ хистæр фырт, кæцыйæн бинонтæ ис,
аскъуыддзаг кодта, ног хæдзар саразын хъæугæроны.
Ног азмæ ацы хæдзары ног бинонтæ сараздзысты хæдзар сæхицæн.
Хæдзары фале æрмæстдæр зæххы хæйттæ æмæ хуымтæ ис, цыран а.х.
змæлгæ оккупаци æххæстгонд цæуы.
Къажашвили Цирайы иннæ фырт дæр бинонтæджын у, уый дæр ныр хъæбулмæ
æнхъæлмæ кæсы. Мæ хистæр фыртæн æртæ хъæбулы ис, иннæ нырма еныр
æркодта бинойнаг æмæ уый дæр æнхъæлмæ кæсы хъæбулмæ. Æнæмæнгæй сæ
хъуыди ахицæн кæнын, аскъуыддзаг кодтам, цæмæй æввахс сарæзтаиккам
иннæ хæдзары», - зæгъы Къажашвили Цира.
Бинонты хистæр райгуырæн хæдзары 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы
дæр нæ ныууагъта. «Нæ хæдзарæй ирон хъæу Йончамæ иу километр æмæ
æрдæг дæр нæ уыдзæни. Цъæх банер Йончамæ ввахс æвæрд ис. Раст у, 3
къуырийы размæ арæныл ацырдæм рахæцыдысты, фæлæ цыфæндыдæр куы
æрцæуа, мах уæддæр ницыуал фæивдзыстæм», - зæгъы Къажашвили Цира.
Зæронд æмæ ног хæдзар фæрсæй-фæрстæм сты арæзт. 9-удон бинонты
уæнгтæ дæр кæрæдзимæ æввахс уыдзысты.
2008 азы августы хæсты фæстæ, дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæутæй æрыгон
фæсивæд цæуын райдыдтой. Фæлæ, стæй, дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæутæм
куы бауагътой æрдзон газы, электрохынцæгты æвæрын куы байдыдтой,
фæндæгты инфраструктурæйы рæзынады куыстытæ куы райдыдтой, бынæттон
хицауады минæвæртты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æвзонг фæсивæды хъæуæй
рацæуын фæкъаддæр ис.
«Иумæйаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гæнæн ис зæгъæн, цæмæй уавæр
азæй-азмæ стабилон уæззау у, зæгъгæ, æмæ хицауады рдыгæй
сыххæстгонд социалон æмæ инфраструктурон программæтæм нæгæсгæйæ,
бынæттон цæрджытæ уæддæр нырма зæрдæрыстæй æнкъарынц хæстæй райсгæ
зиæнтты. Уый уæлдайдæр хауы Шида Картлийы дихгæнæг хаххы хъæутæм,
кæцытæ бавзæрстой 2008 азы хотыхджын архæйдтытæ, фæлæ хæсты фæстæ
та сындзджынтелгæрæнты арæзты фæстиуæгæн куыд фæстагмæ арæнгонд
æрцыдысты сæ хъæууон-хæдзарадон зæххыты бакусынæй æмæ донхорыггæнæн
донæй, кæцы бынæттон цæрджыты тыллæджы райстæн сæйраг уыди», -
нысангонд ис адæмон хъахъхъæнæджы фæстаг хыгъдлæвæрды.
Цæвиттонæн, Карелы муниципалитеты гамгеобайы рдыгæй æрбадæтгæ
информацимæ гæсгæ, Карелы муниципалитеты дихгæнæг хаххы цур 15
хъæуæй донхорыггæнæн доны проблемæ нæй æрмæст иу хъæуæн, фæлæ
2014-2016 азты 4 хъæуы иу хайæ лыггонд æрцыд ацы проблемæ.
Цæрджыты сæйраг проблемæ у куыст цæмæй сын уа æфтиаг. Ай тыххæй,
адæмон хъахъхъæнæг парламентон хыгъдлæвæрды банысан кодта, цæмæй
«дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты зианбаййафæг цæрджыты хъæугæдзинæдтыл
реагир кæныны рæстæгмæ хицауадон къамис» (фæстæдæр хицауадон
къамис) хъуамæ бауынаффæ кодтаид ахæм аграрон æмæ зонадон проектты
тыххæй, кæцытæ индивидуалон уыдаиккой конфликттæй зианбаййафæг
темæты спецификон хъæугæдзинæдты æмæ гæнæндзинæдтыл.
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæцудгæ рæзынады министрад организаци
«амалиуæгады рæзынады агентад» 2016 азы дихгæнæг хаххмæ ввахс
хъæуты микро æмæ чысыл кондады къухарæзты программæйы фæлгæтты 147
бенефициары сфинанс кодта. Æдæппæт суммæ уыди 655,649 ларийы. Уымæй
дарддæр ма, ай хæрз чысыл суммæ кæй у реалон амалиуæгон куысты
сæххæст кæнынæн (астæуккагæй иу бенефициарæн 4460 ларийы бæрц), ацы
программæ нæу нымад конкретонæй конфликтæй зианбаййафæг
темæтæн.
Шида Картлийы дихгæнæг хаххмæ ввахс 57 хъæуæй 23 райста хæххон
хъæуы статусы, кæцы фидæны фæхуыздæр кæндзæни цæрджыты социалон æмæ
экономикон уавæры.
1370 2014-2016 азты газификацигонд абоненттæн хъармкæнынæн 200
ларийы лæвæрд æрцæудзæни., фæлæ уыцы хъæуты, цыран нырма кæронмæ не
рцыди газификацигонд, ацы суммæ бинонтыл уæрст æрцæудзæни.
Инфраструктурæйы цæстæнгасæй, нысаниуæгджын уыди Шида Картлийы
нуазыны доны цъайты, донхорыггæнæн системæйы, ахуыргæнæн уагдæтты
æмæ æхсæнадон центырты аразын æмæ реабилитаци, кæцы бынæттон
цæрджыты барты хъахъхъæныны рдыгæй, ма сты æнæмæнгхъæугæ
мадзалттæ.