Ног хабæрттæ
Зæрдылдаринаг къамтæ НАТО-йы уæнг бæстæты æфсæддонтимæ
Хашуры цæрджытæн, абон, НАТО-йы уæнг бæстæты æфсæддон техникæйы феныны амал уыди. Поты портæй рацæугæ коллонæ Хъипиани Димитры номыл фæзуаты æрлæууыди.

Бынæттон цæрджытæ æфсæддонтимæ зæрдылдаринаг къамтæ систой.

Гуырдзыстоны æфсæддон бирæнацион ахуыртæ, программæйы «Аккаг партнер 2017» фæлгæтты, æххæстгонд цæуынц.

«Тых партнердзинады у» бирæнацион ахуыртæ «Аккаг партнер 2017»-ы сæйраг æрвыст у, кæцыйæн Гуырдзыстон ныр æртыккаг хатт фысымиуæг кæны. Ацы азы ахуыртæ ноджы уæрæхмасштабон сты æмæ дзы НАТО-йы уæнг æмæ партнер аст бæстæ хайад исы. Адон сты: Гуырдзыстон, АИШ, Баиугонд паддзахад, Германи, Турци, Словени, Армени æмæ Украинæ. Ахуырты активон фазæ 12-æм августы Вазианы 11-æм æхсæныл амонæн фæлтæрæнæй фæуыдзæни.

«Аккаг партнер 2017» лæггад кæны стабилондзинадæн, хъихъахъхъæнынад æмæ ныббырсыны зонæнты фæхуыздæр кæнынæн, афтæ ма, Америкæйы Биугонд Штатты, Стыр Британийы, Гуырдзыстоны æмæ партнер бæстæты гæрзифтонг тыхты æмбæрцуаты сбæрзонд кæнынæн, НАТО-йы реагиркæныны тыхты тохгæнæн гæнæндзинæдты сырæзын кæнынæн, NRF-йы хайадисæг дæлхайæдты хсæн æмбæрцуаты фæарфдæр кæнынæн.

Фототы автор: Сухиашвили Нино, Хашуры гамгеобайы пресс-куыстуаты минæвар.















Print