Ног хабæрттæ
Змæлд «Тых иудзинады ис»-ы уæнгтыл автобаныл сигналон зæлтимæ æмбæлдысты
27 боны ныр æмбæстагон патрул кæныны уæнгтæ дихгæнæг хаххмæ ввахс территоримæ сæ цæст дарынц, æмæ централон магистралыл цæуджытæн та Уæрæсейы оккупацион политикæйы сæ зæрдыл лæууын кæнынц.

Ай фæдыл змæлд «Тых иудзинад ис»-ы уæнгтæ Шида Картлийы информацион центримæ абон ныхас кодтой.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæ, арæх цæуæг машинæтæ æрлæууынц æмæ кампаниимæ чысыл рæстæг сиу вæййынц. Абхазийæ лигъдон сылгоймаджы цæвиттон æрхæссынц, кæцы уым чысыл æруромыны фæстæ, æндæр боны дæр ноджы æрцыди Тбилисæй.

Змæлды бындурæвæрæг Кацарава Давит зæгъы, цæмæй ацы бынат специалонæй сывзæрстой, уымæн æмæ Гуырдзыстоны сæйраг магистралы цур дихгæнæг хахх æмæ цъæх банер иууыл æввахсдæр, 400 м дæрддзæгыл ис.

Вашакидзе Михеилы ныхасмæ гæсгæ, зæгъæн ис æмæ иумæйагон акцийы фæстиуæгæн, цæрджыты 70% бамбæрста, цæмæй тæссаг оккупацион политикæ реалонæй уыдонмæ хæрзæввахс æххæстгонд цæуы:

«Ахъуыды кæнут æмæ, иу бон ацы фæндаг æрцахсой уырыссæгтæ. Дыууæ бонмæ Гуырдзыстон æххормагæй фæцагъды уыдзæн. Уыдон сындæггай-сындæггай ацырдæм цæуынц», – зæгъы Вашакидзе Михеил.

Акцийы уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй æрвылбонон режимы Уæрæсейы æфсæддон тыхты архæйдтытæм сæ цæст дарынц æмæ æдзухон режимы информацийы цæрджытæн хъусын кæнынц.

Чъархалашвили Ана кампанийы активон уæнг у. Зæгъæн ис æмæ уый, æрвылбон ныццæуы Хъарапила-Чобалауры фæзилæны цурмæ. Кампанийæн бæрæг фæстиуджытæ йæ къухы бафтыд, цæрджытæн фылдæр информациты раттыны къуымæй.




Print