Ног хабæрттæ
Лигъдон сабитæм диссаг кæсы, цæуылнæ ис гæнæн цхинвайлаг хæстæджыты фенын
Чысыл Леуахигомы хъæуæй лигъдон Гугутишвили Наира Дисеуы йæ хæдзары пырхæнты нывтæ сыхаг хъæуæй систа. 2008 азы августы хæсты фæстæ йæ бинонтимæ иумæ уый Бербукы цæрæнуаты цæры æмæ йын лигъдоны рæстæджы ныр фондз хъæбулы хъæбул ис. Раст уыдонæн тымбыл кæны ацы фототы æмæ цæстуынгæ æрмæг, уымæн æмæ райгуырæн къуымы тыххæй хъуамæ зоной æмæ хъуыды кæной, цæмæй ма ферох кæной Лауахигомæй кæй сты.

«Куыд аргъау, афтæ сын дзурын байдайын мæ хъæбулы хъæбултæн уырдыгон, Леуахигомы тыххæй. Ацы рæстæгмæ, цыдæриддæр мæ бон у, раст ахæм къамты фæрцы уыдон сæ зæрдыл дарынц нæ историйы. Æз мæхæдæг Цхинвалы райгуырдтæн, уым мын ис хо, уый хъæбултæ, хъæбулы хъæбултæ, кæцыты мæ хъæбулы хъæбултæ зонынц æрмæстдæр социалон хызæй. Ахæм хуызæй архайæм зоной кæрæдзийы нæ фидæны фæлтæр, цæмæй сын кæй ис уым хæстæджытæ æмæ хъуамæ уыцы бастдзинады кæй дарддæр кæной», - зæгъы Гугутишвили Наира.

Йæ бинойнагæй хъауджыдæр, Окрпиридзе Автандил, фидæны фæлтæры ‘хсæн тæссаг хицæндзинадæй тæрсы. Уый хъуыды кæны, цæмæй æрмæст интернетæй контакт хæстæджы уарзондзинад æмæ æмахастытæ нæ сараздзынæ æмæ кæд хистæр фæлтæр нал æрæййафой фæстæмæ æрбаздæхыны рæстæг æнæхъæнæй бынтондæр фесæфдзæнис историон æмдзардзинад æмæ æмбастдзинад.

«Сабитæ арæх æвæрынц ахæм фарстытæ, цæмæн рацыдыстæм, кæд æмæ мах хъæу уыди, чи нæ расырдта уырдыгæй, цæуылнæ ис гæнæн нæ хæстæджытæм ацæуын Цхинвалмæ, кæд æцæгæй нæ хæстæджытæ сты? Мах дæр архайæм алцыдæр сын афтæ бамбарын кæнæм, цæмæй сæм агресси ма сæвзæра. Дзурын сын байдайæм, хæст кæй уыди æмæ уым куы баззадаиккам, уæд нæ аирвæзтаиккам удгасæй, ам ма сын уый дæр зæгъæм, цæмæй сын æнæмæнгæй хъуамæ уа æмахастытæ цхинвайлаг хæстæджытимæ, æмæ куы сыстыр уой уæд уыдонимæ иумæ хъуамæ айгæрдой царды фæндæгтæ», - зæгъы Дисеуæй лигъдон Окропиридзе Автандил.

Цалынмæ Бербукы лигъдæтты цæрæнуатæй нæ рацыдыстæм, уым æввахс кæрты ацæргæ нанайы æмæ йæ хъæбулы хъæбулы ныхæстæм дæр байхъуыстам. Гелашвили Наира йæ фондзаздзыд хъæбулы хъæбулæн тилифоны уынын кодта Дисеуы хæдзары бынаты æмæ йæ куы бафарста: – Гиорги, уæдæ ма зæгъ, кæцæй рацæугæ дæ? Гиорги дæр ын цæрдæгæй дзуапп лæвæртта – æз ередаг дæн.


Print