Ног хабæрттæ
Бербукы цæрæнуаты ацы аз иууыл къаддæр тыллæгджын аз уыд
Бербукы цæрæнуаты цæрæг лигъдонты доны проблемæ æнæ тыллæгæй ныууагъта.

«Ацы азы зымæг карз уыдзæнис, уымæн æмæ нын хурджын рæстæг æмæ уазæлттæ бынтондæр скуынæг кодтой нæ тыллæг», - ахæм курдиæттæ аразынц Бербукы цæрæг лигъдонтæ, кæцытæ 2008 азы августы хæсты фæстæ дыргъдæттæ æмæ халсæртты цæхæрæдæттæ ногæй сарæзтой.

Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ уыдон банысан кодтой, цæмæй ивгъуыд азты хуыздæр уавæр уыдис, ацы аз та тыллæг уæй кæнынæн нæ, фæлæ сæхи фаг дæр нæ райстой.

«Дон нын нæй, цæмæй цæхæрæдæтты ныдонхорыг кæнæм, нæдæр нын боныхъæд сарæзта нæ къух, цæмæ гæсгæ дæр баззадыстæм æнæ къæбæрæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ нын бæргæ раттынц продукттæ, фæлæ ацы азы тыллæг уыййас хæрзцъус у æмæ æнæхъæн зымæджы фаг нæу. Аимæ иумæ ма нын ноджы газы хæс фидинаг дæр ис, иуæй-иутæн 1000 ларийы онг æмæ ноджы фылдæрдæр ис фидинаг, æнæуи нын газ нырма нæ ахицæн кодтой, фæлæ нын æххуыс дæр нæ кæнынц, цæмæй ацы хæсы бафидын нæ бон суа æмæ зымæджы уымæй уæддæр уæм ифтонггонд. Кæд нын газ дæр рахицæн кæндзысты, æмæ нын тыллæг дæр нæ уыдзæнис, уæд зымæджы æнæмæнгæй æххормагæй баззайдзыстæм. Нæхи комы æмбисонды тыллæг задис, ницы цух уыдыстæм, нæхи нæхæдæг дардтам æмæ нæ никæй æххуыс дæр хъуыдис, ныр та лигъдæттæ систæм, æмæ уый дæр нæ зонæм къæбæр æлхæнын нæ бон суыдзæн æви нæ, зымæджы», - зæгъы Дзарцъемы хъæуæй лигъдон Ебаноидзе Марине.

Нырма ноджы, 2017 азы июлы мæйы, Бербукы темы цæрджытæ донхорыг доны системæйы реабилитацийы æркуырдтой. Ай тыххæй Свенеты хъæуы цæрджытæ кæцытæ Бербукы теммæ хауынц, 65 адæймаджы къухфыстытæ æрæмбырд кодта.

Банысангонд курдиатмæ гæсгæйæ, 2016 азы райдайгæ проект, нуазын доны цъирæны монтажы тыххæй, нæма кæронмæ æххæст нæ фæцис. Карелишвили Кобайы ныхасмæ гæсгæ, ацы проект хъæуы фарсхæцыны программæйы фæлгæтты райдыдта, фæлæ, æхцайы фæрæзы чысылмæ гæсгæ, донцъирæны балхæнын сæ бон нæ бацис.

«Трубæтæ ныккалдтой, бæстыхай дæр цæттæ у, фæлæ нын цъирæны æлхæнынæн æхца нал баззад. Дон Тортлайы цæугæдонæй исæм резервуармæ æмæ йæ стæй адих кæнæм быдыртыл. Æрмæст ма нæ цъирæн хъæуы», - зæгъы Карелишвили Коба.

Гамгебел Ониашвили Давит 24 мин ларийы рахицæн кодта æмæ тендер расидтис. Куыстытæ августы мæйы æмбисæй райдыдтой.

Бербукы цæрæнуаты 2008 азы августы хæсты фæстæ 134 лигъдон хæдзары цæры. Уыдон котеджты цур зæххы фадыг (6 сотихмæ ввахс, æмæ цæрæнуатæй чысыл дæрддзæфдæр та 50 сотихы зæххы фæзуаты бакусынц). 9 азы дæргъы æнгæс зиан Бербукы цæрæнуаты цæрджытæ, сæхæдæг куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ, никуы райстой.


Print