Ног хабæрттæ
Эргнеты 80-æм юбилейон фембæлд Евроцæдисы миссийы ног æмсæрдары хайадистæй уагъд æрцыд
Эргнеты инцидентты превенцийы æмæ сыл реагиркæныны фæлгæтты радон 80-æм фембæлд уагъд æрцыд.

Фембæлды æмсæрадартæ уыдысты Евроцæдисы цæстдарæгон миссийы ног ныры разамонæг Эрик Хоги æмæ ОБСЕ-йы специалон бæрнлæг Хуссар Кавказы минæвар Бачлер Гюнтер.

Миссийы разамонæгæй Кайстути Янкаускас 25-æм августы йæ куыст фæцис æмæ 1-æм сентябрæй йæ куыст Азербайджаны Евроцæдисы делегацийы разамонæгæй адарддæр кодта.

«Сæрыстыр дæн, кæй уыдтæн номыр фыццаг цæстдарæг æмæ мæн уырны цæмæй ацы мисси æнтыстджынæй кæй адарддæр кæндзæн мандаты æххæст кæнын, Гуырдзыстоны фылдæр æдасдзинад æмæ стабилондзинадæн», - банысан кодта миссийы раздæры разамонæг.

Ныры разамонæгмæ та цы хауы, уымæй, абон Эрик Хоги Эргнеты фембæлдыл загъта, цæмæй уый ныфс ис æмæ æрныхас кæндзысты уыцы асджиаг фарстатыл, кæцы административон арæнон хаххы акомкоммæ цæрæг цæрджыты цардуагон уавæрты фæхуыздæр кæнынмæ хауы æмæ фæрстæ цалдæр фарстæйыл кæй баныхас кæндзысты.

Фембæлды фæуды фæстæ, дэ-факто республикæйы минæвар Джиоты Мурат загъта, цæмæй уыдон дихгæнæг хаххы цур цæрæг бинонты цардуагон проблемæты, афтæ ма, Ахалгоры районы астæуккаг скъолæты уæвæг уавæрты, гуырдзиаг æмбæстагон активисты Меарахъишвили Тамарæйы ныхмæ райдыд фæдагуырды прогрессы æмæ æндæр фарстæты фæдыл æрныхас кодтой.

Фембæлдыл уыдысты Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады минæвар Кемоклидзе Кахабер дæр. Уагдæттæ официалонæй курдиæттæ фæстæдæр рапарахат кæндзысты.

Print