Ног хабæрттæ
Цъагъвлийы хъæуы бетонæй фæндаг арæзт цæуы
Хохаг фонды финансгондæй, дихгæнæг хаххмæ ввахс Цъагъвлийы хъæуы цур бетонæй фæндаг аразынц.

1,3 км дæрддзæгыл, фæндаджы аразынæй дарддæр ма, донлæдæрсæн къанутæ дæр арæзт цæуы. Шида Картлийы губернаторы хæдивæг Гуледани Симон зæгъы, цæмæй ацы этапыл куыстытæ 60%-æй æххæстгонд сты.

Цъагъвлийы хъæуы уый уыдис Хашуры муниципалитеты гамгеобайы æмкусджытимæ иумæ.

Гуледани Симоны ныхасмæ гæсгæ, бетон фæндаджы проектмæ хауы, куыд хъæуы сæйраг фæндаг, афтæ ма, фæзилæнтæ æмæ сыхты реабилитаци дæр.

«Уымæй дарддæр ма, хохаг зонæйы, Цъагъвлийы хъæу у оккупацион хаххмæ ‘ввахс хъæу, кæцы 2015 азы æххæстæй газификацигонд æрцыд. Фæндаджы куыстытæ иу мæймæ феуыдзысты», - зæгъы Гуледани.

Бынæттон цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, хъæуы масштабон проектты æххæст кæнын баххуыс кæндзæни цæрджыты социалон уавæрты фæхуыздæр кæнынæн æмæ хъæутæй цæрджыты лидзыны фескъуыдæн.

Print