Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуы, Гугутианткъарийы цæрджытæ скъолæ æмæ
сабитæн рæвдауæндоны саразын домынц.
Ай фæдыл бынæтон цæрджытæ адæмон хъахъхъæнæг Нануашвили балæвæрдтой
курдиат.
Мереты административон темы сконды хъæуты адæмон хъахъхъæнæг знон,
13-æм сентябры, уыдис. Нануашвили Уча Джариашены уæвæг проблетæтæм
дæр байхъуыста.
Уый ныхасмæ гæсгæ, зæххыты æмæ фосхизæнты стырдæр хай уыцы фарс
баззадис, кæцыйы Гуырдзыстоны хицауад нæ контрол кæны. Фæлæ уым,
цыранмæ ацы хъæуты адæмæн сæ бон у бацæуын, зæххы хæйтты регистраци
къуылымпыгонд цæуы.
«Хъахъхъæд нæ цæуы цæрджытæн се ‘дасдзинад, кæронмæ арæзт нæ фесты
2008 азы августы хæсты рæстæджы зианбаййафæг хæдзæрттæ. Хъæуты
æнрбæстонгонд у нуазыны дон дæр æмæ донхорыггæнæны системæтæ дæр,
фæндæгты реабилитаци кæнын хъæуы», - зæгъы адæмон хъахъхъæнæг
Нануашвили Уча.
Адæмон хъахъхъæнæг ма ноджы загъта, цæмæй ацы аз хъæуты цæрджыты
фылдæр хайæн социалон æххуыс æхгæд æрцыд. Гугутианткъарийы цæрджыты
ныхасмæ гæсгæ, 2017 азы зымæджы ауагъд дыккагæй басгæрсты рæстæджы,
социалон æххуыс æхгæд æрцыд 108 хæдзары бинонтæн.
Джариашены хъæуы цæрджытæ дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс гуырдзиаг посты
æрæвæрын домынц, æдасдзинады хъахъхъæныны нысанæй æмæ æнæзакъонон
æрцахстытæ сæрæй аиуварс кæныны тыххæй.