Облишвили Алжуни ныр 47 азы Бердзенаулы хъæуы астæуккаг скъолæйы
педагогæй кусы. Ацы стажы кармæ ввахс у Пцайы æмæ Бердзенаулы
хъæуты хсæн, цæугæдон Проныл уæвæг фистæгæй ахизæн хид.
Уый зæгъы, зæгъгæ дам, ацы заманы дæргъы, хид 4 хатты цалцæггонд
æрцыди. Фæстаг хатт та, 12 азы размæ. Ахуыры процессы рæстæджы,
Облишвили Алжуни ацы хидыл зæгъæн ис æмæ алы бон дæр ацæуы. Уый
тынг хорз зоны хидыл хизгæйæ кæцы хъæдын фæйнæг нæ бауромдзæн æмæ
уыцы рæстæджы телтыл æрлæугæйæ ахизы хидыл.
Абон æртыккаг хатт ныссаст хиды фæйнæг Беруашвили Нели йыл куы
фæцæйхызт. Чысыл ма бахъуыд ныххауа, хорз уыд æмæ иу къухæй телыл
хæцыд, йæ иу къахæй та фидардæр фæйнæгыл лæууыд.
«Нæ проблемæимæ базонгæ кодтам гамгебелы. Æвзæрстыты агъоммæ уыд ам
æмæ йын уæд загътам, хиды уавæры тыххæй. Уый нын ныфс бавæрдта,
цæмæй хидæн ребилитаци сараздзысты. Æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм,
æвæццæгæн зымæгмæ цалцæггонд æрцæудзæнис», – зæгъы Облишвили
Алжуни. Беруашвили Нели нын загъта, цæмæй фембæлды фæстæ,
гамгеобайæ æрцæугæ бæрнон гоймæгтæ бынатыл сæхи цæстæй федтой хиды
уавæры.
Хорз боныгъæды цауы, муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Зазайы
æнæдызæрдыгæй уырны, цæмæй гамгеоба зымæгмæ хъæдæй ног конструкциты
смонтаж кæндзæн. Уый 21-æм октябры меры æвзæрстыты фæуæлахиз æмæ
муниципалитеты дыккаг æмгъуыдæй. Ацы хатт, меры ранджы къухдариуæг
кæндзæн. Карелы облæстон æвзарæнты къамисы сæрдар Карелы меры
сакребулойæн нæма базонгæ кодта.
«Разæвзарæнты кампанийы рæстæджы мын загътой педагогтæ, цæмæй хид
тæссаг уавæры кæй уыди. Мæхæдæг ныццыдтæн æмæ бынатыл федтон
ситуацийы. Бацархайдзынæн, цæмæй ацы азы арæзт æрцæуа хиды
реабилитаци», – зæгъы Гулиашвили Заза.
Пцайы æмæ Бердзенаулы хъæуты Проны цæугæдон хицæн кæны. Дыууæ хъæуы
хсæн дæрддзæг, хидыл ахизгæйæ, 1 километрмæ ввахс уыдзæн. Сæйраг
фæндаг Бердзенаулмæ дард у. Иннæ фæндагыл машинæтæ нырма Земо
Шакшакетыл, стæй та Квемо Шакшакетыл ацæуынц.
«Уыцы фæндагыл дæрддзæг у 15-20 километры бæрц», – зæгъы Ломсадзе
Амиран. Уый Пцайы хъæуы Проны цæугæдоны былгæрон цæры:
«Мæнæн ныр сымах цы уынут, уый ницы у. уалдзæджы тынг раивылы проны
дон. Хъæуы онг бахæццæ вæййы. ацы бынатыл ын дæргъвæтин калапот ис
æмæ хид дæр уый тыххæй дæргъвæтин у. Бердзенаулы хъæуы ис юстицийы
хæдзары филиал æмæ æппæт цæрджытæ уырдæм фæцæуынц, кæй документ
фæхъæуы, чи йæ пенсимæ фæцæуы æмæ а. д. æнæмæнгхъæугæ у ацы хиды
саразын», – зæгъы Ломсадзе Амиран.
Ис æви нæ ахуыргæнджыты транспортыл кæныны фæрæздзинад хиды
ребилитацимæ, уый фæдыл, муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Зазамæ
дзуапп нæма ис. «Нæ дæр мын уый бар ис, æмæ æмбæстæгты дыууæрдæм
цæуын ма уадзон. Мах ныридæгæн проектыл кусæм æмæ нæ ныфс ис, цæмæй
афæдзы кæронмæ реабилитацицонд æрцæудзæнис», – загъта
гамгебели.
Кобаладзе Марина Бердзенаулы хъæуæй памидортæ хæссы. Уый социалонæй
æнæхъахъхъæд у æмæ памидор тонынмæ уыдис. Йæ куысмыздмæ йын цы
памидор раттой уый хæдзармæ хъуамæ ведрæты æмæ асыччы ахастаит:
«Катайтæ кодта, куы дам ныххауон уæд ма дам цы кæндзынæн». Йæ
амондæн йæ хъæуккаг рацæйцыд, кæцы юстицийы министрады филиалæй
«Æхсæнадон центрæй» рацыдис.
Ацы фæндагыл æдæппæт цыппар педагогы рацу-бацу кæны. Уыдонæй æртæ
Бердзенаулы хъæуырдæм, иу та – Абисы астæуккаг скъолæмæ.