Кнолевы хъæуы полицæйы хайады бахардзгонд доны хардзы хъæуы
цæрджытæ нæ фидынц. 42 ларийы хæсы тыххæй, Энерго-про Джорджиа
цъаймæ уагъд электроэнергийы рахицæн кодта.
Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, уый æртæ къуырийы размæ уыдис.
Уыдонæн, уæлдай хæрдзты фидын сæ бон нæу, знон хъæумæ нæ визиты
фæстæ, муниципалитеты гамгебели Гулиашвили Заза нын абон загъта,
цæмæй уыцы уæлдай хардз, 42 лари гамгеоба ныридæгæн бафыста.
Цъайы сæхгæныны фæстæ, æппæт уæз уынджы арæзт крантыл æрæнцад,
цыранмæ æрдзон суадæттæй сæхигъæдæй сындæггай лæдæрсы дон. Хъæуы
ахæм крантæ арæзт ис æдæппæтæй æртæ, æмæ уыдон дæр сты кæрдзимæ
иугонд:
«Сæрæй йæ куы аскъуынай, йæ кæронмæ уæд æрхæццæ уыдзæн. Ацы æртæ
къуырийы дæргъы ам æнæбафæразгæ сси цæрын. Æнæуи дæр хæрз чысыл
бæрцæй цæуы ацы суадоны дон æмæ нæ фаг кæны» - загъта нын бынæттон
цæрæг Кашински Нукри. Уый, растдæр, уыцы уынджы кранæй донæй йедзаг
балонтимæ æрбацæйцыди, кæцы хъæуы астæу, скъолæйы бæстыхайы размæ,
ис.
Хъæуы астæу интервью фыссыны рæстæджы, нын сыхы цæрджытæ загътой:
«Мæнæ, ам, дон æдзухæй хъуамæ цæуид. Цъайы куы сæхгæдтой. Фæлæ
нæдæр ацы краны цæуы дон. Æндæр гæнæн нын нæй æмæ дардæй хæссæм
дон», - зæгъы бынæттон цæрджытæй сæ иу
Кнолевы хъæуы, цыран æдæппæт 244 адæймаджы цæры (2014 азы сфыстмæ
гæсгæ), цъай 2016 азы арæзт æрцыд. Муниципалитеты гамгебели,
Гулиашвили Зазайы ныхасмæ гæсгæ, электроэнергийы уæлдай хардз,
æдæппæт, 42 ларийы уыдис. «Мæнæн уый майрæмбоны фехъусын кодта мæ
бæрнон лæг, цæмæй хæсы нæбафидыны тыххæй хицæнгонд кæй æрцыд цъай.
Уыцы бон æй бафыстам, фæлæ къазнайы бæрæг процедурæтæ бахъуыд æмæ
уымæ гæсгæ хъæуы цъаймæ электорэнерги абон къуырисæры бадæттой», -
зæгъы Гулиашвили Заза.
Уый ныхасмæ гæсгæ, объект гамгеобамæ нæма у лæвæрд: «Компани цалдæр
цъайы аразы дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæуты. Æмæ сæ алкæцыйы дæр арæзт
куы фæуа уæд, уый фæстæ, цъайтæ лæвæрд æрцæудзысты гамгеобамæ. Цас
сыгъдæг сты цъайы дæттæ, ууыл дзуаппдæттæг, æрмæстдæр, уый фæстæ
уыдзыстæм», - загъта Гулиашвили Заза.
Бынæттон цæрæг Кашински Нукри зæгъы, цæмæй цъайæ цы дон цæуы уый
нуазынæн нæ бæззы, зæгъгæ: «Пайда дзы кæнæм æрмæст æхсынæн æмæ
донхорыгæн. Алчи дæр дзуры, зæгъгæ, дам нæ бæззы дон», - зæгъы
уый.
Бæрæг этапыл доны нæбæззон гамгебели дæр бæлвырд кæны. Загъта нын,
цæмæй цистернæйы мидæггаг къултыл бахъахъхъæнæн ахорæн нæй сæрст:
«Уый тыххæй цæуы дон иуæй-иу хатт гæзæмæ бургондæй, фæлæ, нын
компани равдыста лабораторион скъуыддзаг, кæцымæ гæсгæ, дон
нуазынæн бæзгæ у», - зæгъы уый.
Полицæйы хайадмæ та цы хауы, уымæй, ацы этапыл, иннæ мæйы, проблемæ
гæнæн ис æмæ уа ноджы. Карелы мидхъуыддæгты уагдоны дæлхайадæн
хицæн хынцæг нæй æвæрд, уымæ гæсгæйæ, мидхъуыддæгты министрады
бюджетæй хардзы бафидын нæ уайы. Хъæуы цъайы кусынæн æрвылбон хъæуы
250-300 ларийы бæрцы аргъ электроэнерги.