Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуаты 30 сывæллоныл нымад ног сабиты
рæвдауæндон байгом ис.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн, Шида Картлийы губернийы
администрацийæ фехъусын кодтой.
Хурвалеты лигъдæтты цæрæнуаты сабидон кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ,
ныййарджытæ сæ сабиты сыхаг хъæутæм кодтой.
Амортизацион бæстыхай Хурвалеты цæрæнуаты, Эреды муниципалитеты
финансон æххуысæй цалцæггонд æрцыдис, фæлæ сабиты рæвдауæндон
хъæуæг инвентарæй та, лигъдæтты «Царды фæрæзты» ифтонгады агентад
сифтонг кодта.
Сабиты рæвдауæндоны кусынмæ Хурвалеты цæрæг лигъдæтты
райсдзысты.
Сабиты рæвдауæндоны байгом кæныны рæстæджы уым уыдысты губернаторы
фыццаг хæдивæг Окромелидзе Йосеб, Гуры ныртæккæйы æвзæрст мер
Тавзарашвили Константине, Эреды муниципалитеты гамгебели
Цотниашвили Отар æмæ агентады разамонæг Уджмаджуридзе Иракли, уыдон
сабитæн æмæ ныййарджытæн раарфæ кодтой сабидоны бакæныны фæдыл.