Фотойыл: Гобозты Киазо нын Бестауты Генадийы хæдзары уынын
кæны.
Зардианткъарийы цæрæг Бестауты Генадийæн дэ-факто прокуратурæ дыууæ
азон æфхæрд домы. Бестауты Генади, кæцыйы фæстаг цалдæр мæйы дæргъы
ныр æртыккаг хатт æрцахстой, ацы рæстæгмæ уый Цхинвалы изоляторы
ис. Уымæн тæрхондон дыууæмæйон ахæстоны бадын аскъуыддзаг кодта.
Этниконæй ирон, Гуырдзыстоны æмбæстаг Цхинвалмæ æртæ хатты дæр йæ
бинойнаг этниконæй гуырдзиаг æмæ йæ дыууæ хъæбулы уынынмæ цыд. Йæ
бинонтæ Цхинвалмæ 2008 аз хæсты фæстæ ацыдысты цæрынмæ. Уыцы
рæстæджы Бестауты Генади Гуырдзыстоны ахæстоны бадт лæгмарды
аххосагæй, лæвæрд ын уыд 14 азы, хæдзармæ æрбаздæхгæйæ афтид хæдзар
æмæ сындзджын телгæрæн æрбаййæфта.
Бестауты Генадийы цæрæн хæдзар тæккæ административон дихгæнæг
хаххыл лæууы. «Цъæх æмбонд» йæ хæдзары къулмæ ввахс ис уагъд.
Хæдзар, фактивонæй, а. х. «æнæконтролон зонæйы ис», кæцы гуырдзиаг
æмæ уырыссаг постты хсæн лæууы.
Ацы зонæйы æдæппæт дæс хæдзары ис. Уырдæм бацæуын, æрмæстдæр,
гуырдзиаг полицæйæгтимæ иумæ ис гæнæн. Цъæх æмбонды цурмæ 50 метрæй
æввахсдæр бацæуын полицæйæгтимæ дæр нæй гæнæн. Бестауты Генадийы
хæдзар растдæр ацы бынаты ис. Уымæн уырыссаг æфсæддонтæ уырдæм
бацæуынæн бар дæттынц, фæлæ æмбондыл бахиза уый ын нæ барынц.
Зардианткъарийæгты хæдзæртты фæстæ Цхинвалы районы Хелцуайы хъæу
райдайы. Хелцуайы хъæуы хæдзæрттæй сæ иуы ис арæзт уырыссаг
пост.
Ацы фæззæджы, цалынмæ Бестауты Генадийы æрцахстой, «æнæконтролон
зонæйы» фактивонæй цардис æртæ хæдзары. Ныр ма дзы баззад дыууæ
хæдзары, уыдонæй сæ иуы цæры иунæг 94 аздзыд Гобозты Киазо.
Фотойыл: постты хсæн æппæты фæстаг хæдзар лæууы Хелцуайы
«Цъæх æмбонды цур».
Куыд бахаудтой
Бестауты Генадийы бинонтæ
Цъинвалмæ
Бестауты Генадийы 14 азон ахсты æмгъуыд 2017 азы майы мæйы фæцис.
2003 азы, йæ куы æрцахстой, сывæллæттæ чысылтæ уыдысты, йæ бинойнаг
тхъвиауаг у æмæ йæ мады Терашвили Назийы ракодта Зардианткъаримæ
сывæллæтты хъомыл кæнынмæ йын баххуыс кæныны тыххæй. Августы хæсты
фæстæ, Бестауты хæдзар Зардианткъарийы тæккæ дихгæнæг хаххыл
баззад, Генадийы бинонтæ Цхинвалмæ ацыдысты, Терашвили Назо та
фæстæмæ Тхъвиаумæ æрбаздæхти.
«Æххуыс кодтон мæ хъæбулæн. Йæхæдæг дыргътæ тыдта Цхинвалмæ ввахс
хъæуты. Стæй хæст дæр райдыдта æмæ сæ хæдзары цæрыны фадат нал уыд.
Ардæм мæнмæ хъуамæ рацыдаиккой цæрынмæ, фæлæ ма бакæсут цахæм
уавæры ис мæ хæдзар. Ам куыд хъуамæ цардаиккой?, - зæгъы нын
Терашвили Назо æмæ нын Тхъвиауы йæ цæрæн хæдзары уынын кæны, - «мæ
чызгæн ирон устытæ загътой, цæмæй уыдонимæ уыцырдæм рацыдаид æмæ йæ
куыст дæр адарддæр кодтаид. Кæимæ куыста уыцы сылгоймæгтæ йын
баххуыс кодтой æмæ йæ сывæллæттимæ ацыдис Владикавказмæ, уым йæ
тиуы усмæ цардис, фæлæ бирæ нæ бафæрæзта уым. Владикавказæй
Цхинвалмæ æрцыди. Куыд Бестаутæй (йæ мойы мыггаг хаста), Цхинвалы
йын раттой дыууæуатон фатер æмæ абоны онг уым цæры. Фактивонæй æз
мæ хъæбулы нæ уынын, уымæн æмæ мын йемæ контакт нæй. Мах телефонæй
уырдæм нæ фæдзурдзынæ».
Фотойыл: Терашвили Назо, Бестауты Генадийы усы мад
Сывæллæттæ скъолæ каст фесты Цхинвалы. Хистæр, лæппуйы æфсадмæ
æрфарстой, чызг та Цхинвалы уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыр кæны.
«Ахæстонæй куы рацыд ме сиахс, уæд нырма мæнмæ æрцыди. Æз æй не
рбауагътон хæдзармæ. Лæгмар дæ зæгъын, æмæ йæ асырдтон. Уый фæстæ
Цхинвалмæ ацыдис йæ бинонтæм. Иу мæй дзы фæцардис, фæлæ нæ
бафæрæзта æмæ фæстæмæ Зардианкъаримæ æрбаздæхт. Мереты хъæуы цæры
йæ хо. Уым дæр не рлæууыд. Йæ хæдзармæ дам бахъуызы. Еныр æй
фехъуыстон, ногæй дам æй æрцахстой. Цы сараздзысты нæ зонын …
рацæудзæн мæ хъæбулы хъæбул æфсадæй æмæ æвæццæгæн уый фæстæ
аскъуыддзаг кæндзысты», - зæгъы Терашвили Назо.
Генадийы хъæбулты хорз зоны Гобозты зæронд Киазо дæр. Зæгъы, зæгъгæ
дам, сæ фыдæлты хæдзармæ уыдон арæх цæуынц.
«Тынг хорз хъæбултæ ис Генадийæн. Лæппу арæх цæуы ардæм, æфсады ис.
Чызг дæр ахуыр кæны уæлдæр ахуыргæнæндоны. Иуылдæр æй фæдзæхстой,
æз дæр ын дзырдтон, ма ахиз уыцырдæм, фæлæ нæ байхъуыста. Æртæ
хатты ацыдис Цхинвалмæ йæ бинонты уынынмæ», - зæгъы Гобозты
Киазо.
«Куыд бæрæг у афтæмæй, æвæццæгæн банызта æмæ ахызтис. Раззаг цауы
тыххæй зонын, æмæ йæ Цхинвалы æрцахстой, ныр æй нæ зонын, кæм æй
æрцахстой. Гæнæн ис æмæ йæ Хелцуайы æрцахстой. Тынг ын тæригъæд
кæнын. Иунæгæй цæры уыцы хæдзары», - загъта нын зардианткъариаг
Терашвили Тина.
Дыууæазон тæрхонмæ
æнхъæлмæгæсгæйæ
Фотойыл: Гудадзе Тина, Бестауты Генадийы хо
Бестауты Генадийы хо, Гудадзе Тина Мереты хъæуы цæры. Зæгъы, цæмæй
йе фсымæры уавæр тынг уæззау у , уый тыххæй æмæ йын Цхинвалы
территорийыл уæвыны бар нæ дæттынц, Зардианткъарийы та бынтон иунæг
у, æнæхъусдардæй.
«Хæдзары куы федтат? Тæккæ арæныл ис. Мæн дæр нæ уадзынц уыцы
хæдзармæ. Тæссаг у æввахс дæр æм бацæуын. Ме фсымæр уым цæры, хат
тын хæринаг бадæттын уæддæр куы хъæуы? Æмбонды иннæ фарс, ныллæг
хæдзар куы ис, уым уырыссаг æфсæддонтæ сты. Уыдон ын цыдæр æнæбары
хæринаг авæрынц, фæлæ кæдмæ хъуамæ уа афтæ тæригъæддагæй», - зæгъы
Гудадзе Тина.
Генадийы хо нæдæр уый зоны æмæ йе фсымæрмæ цы хъысмæт кæсы æртыккаг
ахæсты фæстæ. Паддзахадон æдасдзинады куыстуаты минæвар зæгъы,
цæмæй Гуырдзыстоны хицауад алцыппæтдæр аразы уый ссæрибар кæнынæн.
Кемоклидзе Къаха зæгъы, зæгъгæ, Бестауты Генади кæй у Гуырдзыстоны
æмбæстаг æмæ уый дэ-факто республикайы цæрыны барæй нæ пайда кæны,
- «уый æнæзакъонон ахæст, кæцы ахст у дэ-факто республикайы
хицауадæн. Гуырдзыстоны хицауад æмæ æхсæнадæмон æхсæнад нæ исы
æцæгмæ ацы а.х. арæны, кæцыйы тыххæй аххосджын кæнынц уый æмæ йын
развæлгъау ахæстоны бадын аскъуыддзаг кодтой».
Цхинвалы информацион агентадæн Бестауты Генадийы ахсты факт 1-аг
ноябры сси зындгонд. Дэ-факто республикæйы мидхъуыддæгты министрады
пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Бестауты Генади ма уæдмæ дыууæ
хатты, августы æмæ сентябры уыдис ахст.
«Прокуратурæ алы хъæугæ документаци æрцæттæ кодта æмæ сæ арвыста
тæрхондонмæ развæлгъау тæрхон рахæссынмæ», - зæгъынц Цхинвалы,
цыран Бестауты Генадийы хъуыддаг тæрхондон æвзарын райдайдзæн дыууæ
мæйы фæстæ, развæлгъау ахæсты æмгъуыд куы фæуа уæд.
Дихгæнæг хаххæй иннæ фарсмæ ахизгæйæ фыццаг хатт æрцахсты рæстæджы
Гуырдзыстоны æмбæстонтæ 2000 сомæй иваргонд цæуынц, дыккаг æрцахсты
рæстæджы, ацы ивар дывæр кæны, фæлæ кæд Гуырдзыстоны æмбæстоны
дэ-факто хицауад æртыккаг хатт æрцахсдзæн, уæд уымæн дæттын
дыууæазон ахæстон. Гуырдзыстоны æмбæстаг Бестауты Генадийы 2017 азы
31-æм октябры Уæрæсейы арæнон тыхты минæвæрттæ æрцахстой. Уый
дэ-факто республикæйы æдасдзинады къамитетмæ алæвæрдтой. Бестауты
Генадийы тæрхон 2017 азы декабры фæуды райдайдзæн.