Ног хабæрттæ
Кънолевы социалон æххуысы сног кæнын домынц
Дихгæнæг хаххмæ ввахс хъæу Кънолевы социалон æххуысы сног кæнын домынц.

Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центримæ бынæттон цæрджытæ ныхас кодтой.

Уыдоны ныхасмæ гæсгæйæ, ивгъуыд азы декабры мæйæ, хъæуы цæрджыты фылдæр социалон æххуыс нал райста, цæй фæстæдæр, уыцы бинонтæ уæззау социалон уавæрты бахаудтой.

80 аздзыд кары Гелашвили Эка зæгъы, цæмæй уæдæй фæстæмæ, социалон æххуысы сног кæнын бирæ хæттыты архайдта, фæлæ æнæ фæстиуæг. Социалон æххуысы райсынæн цы формæ №100 райста уый дæр ын нæ баххуыс кодта.

«Ацы статус мын тынг æххуыс кодта, зæгъæм, хостæ балхæнынæн. Мæн ахæм хостæ хъæуы, зæгъæм, 4 ампулæйыл бафидын 75 ларийы. Мæ пенси та мын иууылдæр æнæхъæнæй хостыл бахардз вæййы», - зæгъы уый.

Карелы муниципалитеты социалон куыстуаты зæгъынц, цæмæй уыдонæн æрмæст æхсæны барты еддæмæ кæй нæй æмæ кулæты нымады системæйы уыдонæн сæ роль хæрз чысыл нысаниуæгджын у, фæлæ, куыстуаты къухдариуæгады ныхасмæ гæсгæйæ, социалон статусы уæвæг гоймæгтæн, бирæтæн уыдон кæй æххуыс кæнынц.

Кънолевы хъæуы бахизæн фæндаг арæзт æрцыд, уынгты рухсытæ сарæзтой, нуазыны доны цъай монтажгонд æрцыд (фæлæ, нырма лæвæрдгонд нæу гамгеобамæ), æрдзон газ хъæумæ уагъд ис – ацы æрнымадæй, Карелы гамгебели Гулиашвили Заза йæхи сæрыстыр кæны. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, инфраструктурон проекттæ растдæр адæймæгты хуыздæр царды нысанæн æххæстгонд цæуынц.

Æнæгæсгæйæ уымæ, æмæ социалон æххуыстæй «статусбайст» кънолевæгты æфтиаг нæ фæфылдæр. Карелы гамгеобайы тырнынад, цæрæнуаты территорийæн хæххон статусы райсын дæр, æнæфæстиуæг разынд.


Print