Ног хабæрттæ
«Схвилоелни» кафджытæ гуырдзиаг æмæ ирон хъæутæй
Квемо Чъалайы, Пъантъианы, Гамдлисцъхъаройы, Самтависы, Сакоринтелойы, æмæ, уыдон æхсæн, Игоеты ахуырдзауты ансамбль «Схвилоелни» иу кæны. Центр Квемо Чъалайы зæрондгонд культурæйы хæдзары ис. Ардæм сабитæ сыхаг хъæутæй фистæгæй цæуынц æмæ гуырдзиаг, ирон, ачъарайаг, хевсураг, мтиулаг æмæ æндæр кæфтытæ иумæ ахуыр кæнынц.

Фондз хъæумæ дæр Схвилойы мæсыг бынмæ кæсы. Уымæ гæсгæ ахуыргæнæг Павлиашвили Нино бирæазыккон ансамблæн æмæ сноггонд къордæн историон ном ныууагъта æмæ дыууæ азы размæ ансамблы «Схвилоелни» схуыдта.

Схвилойæгтæ Гуырдзыстоны масштабæй уагъд концерттыл исынц хайад. Къаспы уагъд культурон мадзæлтты æдзухон уазджытæ вæййынц.

Ансамблы алкæмæй фылдæр ахуырдзаутæ Квемо Чъалайæ æмæ Самтависæй сты. Хохы фæхстыл цы ирон хъæутæ ис, уырдыгæй та, цæрджыты чысыл нымæцмæ гæсгæ, 2-3 сабийы цæуы ансамблмæ. 3-5 километры дæрддзæг фистæгæй цæуыны фæстæ, ахуырдзаутæм сугы пецæй схъармгонд зал æнхъæлмæ кæсы, фæлæ адæмон кафтыты ахуыр кæнынæн уыдон уазал æппындæр ницы хъыг дары.


Print